Лабæ (цæугæдон)
- Хъæуы тыххæй кæс Лабæ.
Лабæ[1] (абазагау амоны «лæдзæг») у цæугæдон Цæгат Кавказы, у Хъобаны цæугæдоны галиу фæрсагдон. Гуыры, дыууæ доны — Стыр æмæ Чысыл Лабæ кæм баиу кæнынц, уым. Ацы дыууæ доны та гуырынц Стыр Кавказы Сæйраг рагъы цæгатвахсыл.
Лабæ | |
---|---|
Лабæйы уынд Псемены хутæрмæ ’ввахс | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Кæм кæлы | Краснодары край, Адыгей |
Гуырæн | Стыр Лабæ æмæ Чысыл Лабæйы баиугæнд |
Донæфтæн | Хъобан |
Хъобаны бассейн | |
Дæргъ | 214 км |
Бассейны фæзуат | 12 500 км² |
Доны хардз | 95,7 м³/с |
Фарс ВикиКъæбицы |
Посёлок Мостовскойы дæлдæр цæугæдоныл цæуы Адыгей æмæ Краснодары крайы ’хсæн административон арæн.
Лабæйы дæргъ (Стыр Лабæимæ) у 347 км, Чысыл Лабæимæ баиуæй донæфтæны онг — 214 км. Бассейны фæзуат у 12 500 км². Донæфтæнмæ хæстæг былтæ сты уырдыгаив, доны цыд у сабыр.
Лабæмæ дон цæуы цалдæр хуызы: митæй, цъитийæ æмæ къæвдайæ. Лабæ дон ныссæлы декабры кæрон, фæлæ æрвылаз нæ, стайы та февралы кæрон — мартъийы райдиан. Сæйраг фæрсагдæттæ сты Чамлык (рахиз) æмæ Фарс (галиу).
Лабæйы донæй пайдагонд цæуы донхæрæгæн.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.