Леон (исп. León кæнæ исп. Santiago de los Caballeros de León) у стыр Никарагуæйы сахар, йæ сæйраг сахар (1839-1855), Леоны департаменты административон центр. Леоны цæры 145 000 адæймаджы (2005).

Сахар
Леон
исп. León
Тырыса Герб
Тырыса Герб
12°26′ с. ш. 86°53′ з. д.HGЯO
Паддзахад Никарагуæ Никарагуæ
Департамент Леон
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1524
Фæзуат 820,19 км²
Центры бæрзæнд 109 м
Сахатон таг UTC−6:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
  • 212 504 ад. (2021)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 21000
Леон (Никарагуæ) (Никарагуæ)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Леоны бындур сæвæрдта 1524 азы Франсиско Эрнандес де Кордобæ нырыккон сахары бынатæй чысыл æддæдæр. Фæлæ уыцы сахар йæ цæрджытæ ныууагътой, уымæ хæстæг цы вулкан уыд, уый 1610 азы куы ракалдта, уæд. Зæронд Леоны хæлдтытæ (исп. León Viejo) у ЮНЕСКО-йы хъахъхъæд объект.

Леоны 1956 азы 21 сентябры кадджын изæры рæстæг æрыгон поэт Ригоберто Лопес Перес йæ дамбацайæ фехста Никарагуæйы уæды диктатор Анастасио Сомосæ Гарсиæйы. Сомосæ аст боны фæстæдæр цæфтæй фæмард Панамæйы.

Фиппаинæгтæ ивын