Лепрозори
Лепрозори (leprosus — хъотырæй рынчын, хъотырджын рагон грекъ. λεπρη — хъотыр) — хъотырджынты кæм дзæбæх кæнынц, ахæм сæрмагонд бынат, йæ куыст у хъотырæй рынчынты рабæрæг кæнын, адæмæй ахицæн кæнын æмæ сæ дзæбæх кæнын. Лепрозоритæ арæзт æрцæуынц хъæууон бынæтты. Лепрозорийы мидæг вæййы стационар, амбулатори æмæ эпидемиологион хæйттæ. Рынчынтæн лæвæрд æрцæуынц цæрæнбынæттæ, вæййы сын зæххыл кусыны æмæ æрмгуыст кæныны фадæттæ. Йæ низмæ гæсгæ рынчын арвиты ам цалдæр мæйæ — бирæ азтæм. Лепрозорийы кусджытæ дæр фæцæрынц лепрозорийы рынчынты цæрæнбынæттæй дих кæнынц бæлæстæй æмæ æндæр исты ахæмтæй.
Иуæй-иу бæстæты (зæгъæм, Бразилийы, Индийы æмæ æнд.) рынчынты сæ бæрцы тыххæй лепрозоритæм не ’рвитынц фæлæ сæ дзæбæх кæнынц æнæуый рынчындæтты.
Æрвитæнтæ
ивын- Лепрозорий в БСЭ Архивгонд æрцыдис 29 январы 2009 азы.
- Больные лепрой перестали быть отверженными Архивгонд æрцыдис 17 апрелы 2012 азы.