Липарийы сакъадæхтæ
Липа́рийы сакъадæхтæ (иуæй-иу хатт Эолийы сакъадæхтæ) (итал. Isole Eolie), зæгъгæ, афтæ хуындæуы Сицилийæ цæгатырдыгæй Тиррены денджызы чи ис, уыцы сакъадæхты къорд. Уыдонæй æхсæз иумæ сты коммунæ Липари, æвдæм сакъадахыл æрбынат кодтой коммунæтæ Санта-Мария, Мальфæ æмæ Ринелья.
Липарийы сакъадæхтæ | |
---|---|
итал. Isole Eolie | |
Характеристикæ | |
Сакъадæхты нымæц | > 7 |
Стырдæр сакъадах | Липари |
Иумæйаг фæзуат | 114,7 км² |
Бæрзонддæр цъупп | 926 м |
Цæрджытæ | 14 016 ад. (2011) |
Æнгомад | 122,2 ад./км² |
Ран | |
38°34′32″ с. ш. 14°59′23″ в. д.HGЯO | |
Акватори | Тиррены денджыз |
Бæстæ | |
Регион | Сицили |
Провинци | Мессинæ |
Викикъæбицы медиа |
Æппæт сакъадæхтæн ис вулканон равзæрд. Стромболийы сакъадахыл ис, ныртæккæ дæр иудадзыг активон чи у, ахæм вулкан (у сакъадахы æмном). Липари æмæ Вульканойы сакъадæхтыл æмбæлынц фумаролæтæ.
Липарийы сакъадæхтæм хæссынц:
- Стромболи,
- Панареа,
- Вулькано,
- Липари,
- Салина,
- Аликуди,
- Филикуди.
Сæрды къуыри æртæ хатты сакъадæхтæм Неаполæй цæуы быран, уый фæстæ ацæуы Милаццомæ (Сицили) æмæ рараст вæййы фæстæмæ. Уымæй уæлдай ма сакъадæхтæм æрвылбон Мессинæйæ цæуынц катертæ.
Липарийы сакъадæхтæ хаст сты ЮНЕСКО-йы хæзнадонмæ.