Лузофонтæ
Лузофо́нтæ (грекъаг дзырд «лузос»-æй, «лузитайнаг», ома Ромы провинци Лузитанимæ чи хауы, ахæм; Лузитани у Португалийы антикон ном) сты, португайлаг æвзаг официалон кæм у, уыцы бæстæты (Бразили, Португали, Анголæ, Мозамбик, Скæсæн Тимор æмæ иннæтæ) цæрджыты ном. Лузофони у фондзсæдæазыкон Португалийы колониалон империйы фæстиуæг.