Мæскуыйы дизайн æмæ технологиты паддзахадон университет

Мæскуыйы дизайн æмæ технологиты паддзахадон университет (уырыс. Московский государственный университет дизайна и технологий (МГУДТ)) у, рог индустрийы специалистты фыццаг уадзын чи райдыдта, уыцы университет. Йæ ректор у Валерий Белгородский.

Йæ бындурæвæрды истори

ивын

1916-æм азы ныртæккæйы Дмитрий Менделеевы номыл Уæрæсейы химион-технологион паддзахадон университеты арæзт æрцыд Цæрмын дзаумæтты технологийы кафедрæ.

1930-æм азы ацы университетæн рардæуыд ног ном — Мæскуыйы рог индустрийы политехникон институт. 1937-æм азы йæ раивтой Мæскуыйы рог индустрийы технологион институтæй. Ахæм ном йæм уыд 1992-æм азы онг. Уымæй фæстæмæ уый ногæй фендæрхуызон уыд æмæ йæхицæн райста академийы статус — Мæскуыйы рог индустрийы падзахаддон академи. 1999-æм азы йын радтой университеты статус æмæ дзы байгом ис дизайны институт (2002).

МДТПУ-йы филиалттæ

ивын

Иу филиал байгом ис НовосибирсчыНТИ.