Малайы архипелаг
Малайы архипелаг[1] у дунейы тæккæ егъаудæр архипелаг. Йе сконды ис Стыр Зонды (уырыс. Большие Зондские), Чысыл Зонды, Молуччы, Филиппинты æмæ бирæ чысыл сакъадæхтæ (фæлæ архипелагмæ нæ хауы, Океанимæ хаст чи у, уыцы Ног Гвиней).
Малайы архипелаг | |
---|---|
малай. Kepulauan Melayu, индон. Kepulauan Melayu, порт. Arquipélago Malaio, исп. Archipiélago malayo, англ. Malay Archipelago | |
Характеристикæ | |
Стырдæр сакъадах | Калимантан |
Иумæйаг фæзуат | 2 000 000 км² |
Цæрджытæ | 335 000 000 ад. (2010) |
Æнгомад | 167,5 ад./км² |
Ран | |
0° с. ш. 114° в. д.HGЯO | |
Акватори | Сабыр фурд, Индийы фурд |
Бæстæтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Архипеладжы стырдæр сакъадæхтæ сты Калимантан æмæ Суматрæ. Тæккæ адæмарæхдæр сакъадах у Явæ. Малайы архипелагыл æрбынат кодтой ахæм паддзахæдтæ: Индонези, Малайзи (йæ иу хай), Бруней, Скæсæн Тимор.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.