Мангойлаг балцытæ Японмæ

Мангойлаг балцытæ Японмæ (яп. 元寇 [генко]) уыдысты дыууæ — 1274 æмæ 1281 азы. Чингисханы фыртыфырт Хубилай уыдис уыцы хæстон кампанийы бæлхон. Уыцы балцытæй дыууæ дæр мангойлæгты къухмæ нæ бафтыдысты.

Бæхджын самурай хæцы мангойлæгты ныхмæ. 1293 азы ныв

Дыккаг лæбурды рæстæг, 1281 азы, монгойлаг флоты бирæ наутæ фесæфтысты тайфунæй (æвирхъау уадæй). Уыцы уад япон схуыдтой «камикадзе», ома «хуыцæуы дымд».