Махфуз, Нагиб
Нагиб Махфуз (1911-æм азы 11 декабры, Каир — 2006-æм азы 29 августы; арабб. نجيب محفوظ) у зындгонд мысираг фыссæг-романист, драматург, сценарист æмæ араббаг дунейы иунæг Нобелы премий лауреат литературæйæ.
Нагиб Махфуз | |
---|---|
масри نجيب محفوظ | |
Гуырæн ном | арабб. نجيب محفوظ عبد العزيز إبراهيم أحمد الباشا |
Райгуырды датæ | 1911-æм азы 11 декабры[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2006-æм азы 30 августы[3][1][…] (94 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | романист, сценарист, тæлмацгæнæг, драматург, фыссæг, интеллектуал, журналист, новеллист, автобиограф |
Сфæлдыстады азтæ | 1932 — 2004 |
Жанр | радзырд[d] |
Уацмысты æвзаг | араббаг[5] |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынНагиб Махфуз райгуырд Каиры 1911-æм азы, паддзахадон кусæджы бинонтæм. Каиры университеты ахуыр кодта философи æмæ литературæ, 1934-æм азы каст фæци философийы факультет.
1972-æм азы онг куыста куыд паддзахадон кусæг, разамынд-иу лæвæрдта Кинойæн æххуысгæнæн фондæн, уыди Культурæйы министрады консультант.
Йæ уацмыстæм гæсгæ либералон фыссæг уыди, уымæй бирæтæ разы нæ уыдысты. 1994-æм азы фыссæгæн балæбурдта фанатик æмæ йæ йæ кардæй фæцæф кодта.
Махфуз фæмард 2006-æм азы 29 августы.
Æдæппæтæй Нагиб Махфуз ныффыста 50 роман æмæ уацауы фылдæр. Уыдонæй се ’рдæг кинофильмты бындур фесты.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Naguib Mahfouz // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
- ↑ Nadjib (Nagib) Mahfus // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ http://news.bbc.co.uk/1/hi/world/middle_east/5297470.stm
- ↑ Махфуз Нагиб // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ CONOR.Sl