Метревели, Роин Викторы фырт

Роин Викторы фырт Метревели (гуырдз. როინ ვიქტორის ძე მეტრეველი, райгуырдис 1939-æм азы 7 декабры Абастуманы) у гуырдзиаг ахуыргонд, историк, Гуырдзыстоны зонæдты академийы академик. Тбилисы паддзахадон университеты ректор. Тбилисы кадджын æмбæстаг.

Роин Викторы фырт Метревели
гуырдз. როინ მეტრეველი
Райгуырды датæ 1939-æм азы 7 декабры(1939-12-07) (85 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Зонады къабаз истори[1]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты доктор[d] (1974)
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

1957-æм азы каст фæци астæуккаг скъола Кутаисы. Уыцы иу аз Тбилисы паддзахадон университеты историон факультетмæ бацыдис æмæ йæ каст фæци 1962-æм азы.

1965-æм азы бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци XII æнусы Гуырдзыстоны тыххæй[2]. Байдыдта ТПУ-ы лекцитæ кæсын. 1969-æм азы Роин Метревелийы равзæрстой Гуырдзыстоны историйы кафедрæйы сæргълæууæгæй.

Уыцы заман канд зонадон-педагогон куыст нæ кодта, фæлæ ма бирæ архайдта куыд æхсæнадон æмæ политикон кусæг. 1960-72 азты уыд Гуырдзыстоны фæскомцæдисы центрон комитеты секретарь, стæй та фыццаг секретарь. Гуырдзыстоны коммунистон партийы уыд организацион æмæ партион куысты хайады сæргълæууæг, уыцы партийы президиумы уæнгтæм кандидат.

1972-æм азæй уыд Гуырдзиаг советон энциклопедийы сæйраг редакторы хæдивæг.

1974-æм азы докторы диссертаци бахъахъхъæдта феодалон Гуырдзыстоны мидкъласон тохы тыххæй[3]. 1986—1989 азты разамынд лæвæрдта А. С. Пушкины номыл Паддзахадон педагогон институтмæ. 1988-æм азæй бацыд Зонæдты академийы президиуммæ.

1991-æм азы 14 октябры Метревелийы снысан кодтой Тбилисы паддзахадон университеты ректорæй. Университетæн автономон статус ногæй куы фæзынд, уæд 1992-æм азы Метревелийы равзæрстой ректорæй, йæ дыккаг æмгъуыдмæ йæ равзæрстой 1997-æм азы. 2006-æм азы уый, университеты иннæ кусджытимæ, йæ куыстæй иппæрд æрцыд ног президент Саакашвилийы хъæппæрисæй[4].

1993-æм азæй у Гуырдзыстоны зонæдты академийы архайæг уæнг.

Фиппаинæгтæ

ивын