Мигъдæу — ирæттæ, уæлдайдæр та Уæлладжыргомы цæрæг ирæттæ кæмæн табу кодтой, ахæм дзуар. Мигъдæу у æрвон дæтты «хицау». Тæрккъæвдатæ-иу куынæуал æнцадысты кæнæ-иу хус рæстæг куы скодта, уæд-иу Мигъдæумæ куывтой. Хорæрзадыл аудæг дзуæрттæн-иу цы куывдтæ кодтой, уым-иу Мигъдæуы номыл æнæмæнг уыдис сæрмагонд сидт.[1]

Мигъдæуы дзуар ис Уæлладжыргомы Цъамады хъæуы сæрмæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.