Уæлладжыргом, Уæлладжыры ком, Уæлладжыр ис Цæгат Ирыстоны, цæугæдон Æрыдоны дæргъмæ. Уыцы комы цæуы Уæлладжыры фæндаг, ис дзы ирон адæмы истори æмæ культурæйы фенддæгтæ.

Уæлладжыргом
Уæлладжыр
Фæззыгон уынд Уæлладжыры комы
Фæззыгон уынд Уæлладжыры комы
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе
Республикæ Цæгат Ирыстон Цæгат Ирыстон
Район Алагиры район
Картæ
Уæлладжыргом (Цæгат Ирыстон)
Уæлладжыргом

Географи ивын

Уæлладжыргом райдыдта Алагиры сæрмæ æмæ фæци Буроны.

Уæлладжыры æхсæнад ивын

Уæлладжыры æхсæнад у Цæгат Ирыстоны æхсæнадæй иу. Уæлладжырæгты скæсæйнаг сыхæгтæ сты куырттатæгтæ, ныгуылæйнаг сыхæгтæ — дыгур, сæ хуссайраг сыхæгтæ та — туалтæ. Уæлладжыры æхсæнад Ирыстоны нымад уыдис æппæты рагондæр æхсæнадыл. Адæмон таурæгътæм гæсгæ, иннæ ирон æхсæнадты бындурæвæрджытæ сты Уæлладжыры æхсæнадæй рацæугæ. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, фæстæдæр æгас Ирыстоныл чи апырх æмæ йæ алы къуымты чи æрцарди, уыцы рагфыдæлтæ рацыдысты ирон адæмы рагфыдæл Ос-Бæгъатырæй æмæ хæссынц йæ фыртты — Сидæмон, Цæразон, Хъусæгон, Цъæхилон æмæ Æгъуызы нæмттæ.[1]

Кæс ма ноджы ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.