Мосарабаг æвзаг (исп. Мozárabe [moθ'aɾaβe]; порт. Мoçárabe [муса́раби]; равзæрди араббагæй: مستعرب‎‎‎ [муста`риб], «сараббаг уæвæг, арабизацигонд, дзырдæй-дзырдмæ: «араббагæй арæзт») — ибериаг-ромайнаг æвзæгтæй иу; кæддæр æмбæлыди, араббæгтæ Пиренейы æрдæгсакъадахы цы хайыл æрфидар сты, уым.

Мосарабаг æвзаг
Хином לטן‎ / لتن
Бæстæтæ Ибери
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Ромайнаг къорд
Иберо-ромайнаг дæлкъорд
Фыссынад араббаг алфавит, латинаг алфавит, дзуттаг фыссынад
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2
ISO 639-3 mxi
IETF mxi
Glottolog moza1249

Ацы æвзаг ныридæгæн сыскъуыди, растдæр зæгъгæйæ та батади тугхæстæг йын чи уыди, уыцы испайнаг æмæ португайлаг æвзæгты фалдзусы.

Мосарабаг æвзаг уыди мосарабæгты мадæлон æвзаг. Мосарабæгтæ, зæгъгæ, ахæм номæй хонынц, Пиренейы æрдæгсакъадахыл араббæгтæ сæ армы бын цы территоритæ дардтой, уыдоныл кæддæры цæрæг чырыстон ромайнæгтæ. Уыдонæй бирæтæ, кæд æмæ чырыстæттæй баззадысты, уæддæр райстой бирæ скæсæйнаг æгъдæуттæ, цардыуаг, зыдтой араббаг æвзаг, суанг ма уый иуæй-иутæн сси мадæлон. Уыцы æууæлты фæстиуæгæн мосарабаг æвзаджы сахадыдта араббаг лексикæ æмæ грамматикæйы тæваг. Мосарабæгтæ сæ ромайнаг æвзагыл фыссынæн пайда кодтой араббаг алфавитæй.

Реконкистæйы рæстæг мосарабаг æвзаджы уавæр кодта лæмæгъæй лæмæгъдæр: дзурыны фæрæзæн фылдæр пайда кодтой испайнаг æмæ португайлаг æвзæгтæй, фыссыны та — латинагæй.

XI æнусы текстæй скъуыддзаг

ивын
Мосарабаг Испайнаг Каталайнаг Галициаг Португайлаг Латинаг Ирон

Mío sidi Ibrahim,
ya wemne dolche!
vente mib
de nohte.
non, si non quieres,
iréyme tib:
garreme a ob
legarte.

Mi señor Ibrahim,
¡Oh tú, hombre dulce!
Ven a mí
de noche.
Si no, si no quieres,
yo me iré contigo,
dime dónde
encontrarte.

El meu senyor Ibrahim,
oh tu, home dolç!
Vine cap a mi
de nit.
Si no, si no vols,
me n'aniré jo amb tu,
digues-me on
trobar-te.

Meu señor Ibrahim,
ou ti, home doce!
ven onda min
de noite.
Senon, se non quixeres,
irei onda ti,
dime onde
te atopar.

Meu senhor Ibrahim,
ó tu, homem doce!
Vem a mim
de noite.
Senão, se não quiseres,
irei até ti,
diz-me onde
te encontrar.

O domine mi Abrahami,
o tu, homo dulcis!
Veni mihi
nocte.
Si non, si non vis,
ibo tibi,
dic mihi ubi
te inveniam.

Мæ хицау Ибрахим,
Гъо ды дæ адджын адæймаг!
Æрбацу-ма
æхсæвы.
Æмæ кæд дæ нæ фæнды æрбацæуын,
Æз дæм æрбацæудзынæн,
зæгъ-ма мын, кæм
дæ ссарон.