Наджаф (мухафазæ)
Наджаф (Эн-Наджаф, арабб. محافظة النجف [muḥāfaẓa an-Najaf]) у мухафазæ (провинци) Ирачы бæстастæу. Хуссар-ныгуылæны æмарæн у Сауды Араббимæ, цæгат-ныгуылæны — провинци Кербелаимæ, цæгат-скæсæны — провинцитæ Бабиль æмæ Кадисиимæ, хуссар-скæсæны та — провинци Мутаннæимæ.
Мухафазæ | |
Наджаф | |
---|---|
арабб. محافظة النجف | |
31°07′00″ с. ш. 43°48′00″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Ирак |
Админ. центр | Эн-Наджаф |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрды датæ | 1976 |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+03:00[d] |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | IQ-NA |
Викикъæбицы медиа |
Провинцийы цæрджыты фылдæр хай сты шиитаг пысылмæттæ.
Наджафы сæйраг сахар у Эн-Наджаф. Иннæ дынджыр сахар у Эль-Куфæ. Дыууæ сахары дæр сты табуйаг шииттæн.
1976-æм азы онг Наджаф уыди провинци Диванийы иу хай. Йе сконды ма уыди провинцитæ Кадиси æмæ Мутаннæ.