Нахушев, Черим Хачимы фырт

Нахушев Хачимы фырт Черим (кæсгон-черкес. ‎Нэхущ Чэрим; райгуырдис Заюковойы) у уæрæсейаг зарæггæнæг; зары адæмон æмæ эстрадон зарджытæ кæсгон-черкесаг, уырыссаг, ирон æмæ абазаг æвзæгтыл.[1]

Черим Нахушев
Нэхущ Чэрим
Райгуырды датæ 1970-æм азы 17 декабры(1970-12-17) (53 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе
Професситæ зарæггæнæг
Жанртæ этно-поп, фолк
Хорзæхтæ
cherim.ru

Сфæлдыстад

ивын

Сфæлдыстадон фæндаджы райдайæн

ивын

Пахсæны астæуккаг скъола фæуыны фæстæ бацыдис Цæгат Кавказы аивæдты паддзахадон институтмæ.[2]

Зарын райдыдта институтмæ бацæуыны агъоммæ. Черимæн йæхи загъдау, курдиат йæм ссардта йæ мад Раисæ (фæзиан 2005-æм азы).

Нахушевы зарджытимæ аудиокассетæтæ фыццаг фæзындысты 90-æм азты райдайæны.[1] Уый зарыдис зындгонд кæсгон зарджытæ; уыдон заргæйæ Черим пайда кодта нырыккон аранжировкæтæ æмæ импровизацийæ. Уалынджы йæ ном сси зынгонд Хъæрæсе-Черкес, Адыгей æмæ Кæсæг-Балхъары цæрджыты ’хсæн, æмæ ныридæгæн зындгонд у æнæхъæн Цæгат Кавказы æмæ уый æдде (черкесаг диаспорæйы Турк æмæ Æввахс Скæсæны).

Жанртæ

ивын

Йæ сценæмæ фæндаг Черим райдыдта куыд кæсгон адæмон зарджытæ чи зарыдис, ахæм артист (тохы, хъайтарты зарджытæ, лирикон æмæ æнд.). Цагъдысты йын кæсгон адæмон инструменттæй — щичепшин, бжамий, кæсгон фæндыр æмæ æнд. Бæрæг бынат йе сфæлдыстады ахсы тохы зарæг.

Афтæмæй, йæ рагон репертуары жанр схонæн ис этникон (адæмон) зарæг.

Йæ фæстаг репертуар у алыхуызон: эстрадон зарæг, зарæг уырыссаг æвзагыл, стæй, йæ миниуæг кæсгон адæмон æмæ нырыккон поп-музыкæйы инструментты æмдзыгъуыр кæмæн у, ахæм этно-поп. Нахушевы иу зарæджы (кæсгон-черкес. «Мамэ») хъуысы сомихаг дудук — цæгъды та йын зындгонд музыкант Дживан Гаспарян.

Æмгуыст

ивын

Нахушевæн музыкæ фыссынц композитортæ Анзор Хаупа æмæ Мурадин Думанов. Цæгъдынц Тимур Лосанов (фæндыр), Зубер Евагов (щичепшин), Анзор Увыж (бжамий). Аранжировкæтæ фыссы Анзор Хаупа, йæ продюссер та у Амур Успаев.

Хорзæхтæ

ивын
  • Черим Нахушев у Кæсæг-Балхъары адæмон артист (2008)[3]
  • Хъæрæсе-Черкесы адæмон артист (2007)[4].
  • Адыгъейы адæмон артист (2007)[5].
  • Мæхъхъæлы адæмон артист (2007)[6].
  • Уый йеддæмæ, Нахушев у преми «Афæдзы персонæйы» Кæсæг-Балхъары лауреат[7].
  • Газет «Народы Кавказа»-йы номинаци «Афæдзы зарæггæнæджы» лауреат (2007)[8].

Альбомтæ

ивын

Ныридæгæн Нахушев рауагъта æртæ альбомы. Уыдонæй дыууæйæн презентаци уыдис 2006-æм азы. 2009-æм азы уыдис альбом «Five»-ы презентаци.[9] Альбомы фондз зарæджы ныффыста Мурадин Думанов, иуæй-иутæ ныффыста Нахушев йæхæдæг. Уыдонæй иу («Хуссар æхсæвы рæстæг» (уырыс. «Южной ночью») азарыдис уырыссагау (ныхæстæ ныффыста Константин Арсеньев). Альбомы дыууæ зарæгæн режиссёр Бæдоаты Алан систа клиптæ.[9]

Бинонтæ

ивын

Йæ бинойнаг у Лианæ Нахушева (ус ракуырдта 2004-æм азы) æмæ сын ис чызг æмæ лæппу.[10]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Черим Нахушев балæвæрдта Хъæрæсе-Черкесы цæрджытæн йæ зарджытæ(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)
  2. Культурæйы кусджытæ домынц фылдæр мызд (уырыс.)
  3. Приказ №139-УП от 26.12.2008г. Официальная Кабардино-Балкария. Приложение к газете «Кабардино-Балкарская правда», №70, 31.12.2008
  4. Мурадин Думановы зарджыты кафтизæр (уырыс.)
  5. Указ Президента Адыгеи от 27.12.2007 № 256 «О присвоении почетных званий Республики Адыгея» Нахушеву Чериму Хачимовичу (уырыс.)
  6. Черим Нахушев сси Мæхъхъæлы адæмон артист. Архивгонд æрцыдис 25 октябры 2007 азы. (уырыс.)
  7. Преми «Афæдзы персонæ»(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 21 августы. Архив 2007-æм азы 7 ноябры.
  8. Дæс азы «Народы Кавказа»-имæ Архивгонд æрцыдис 10 октябры 2008 азы. (англ.)
  9. 9,0 9,1 Черим Нахушев(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Альбом «Five»
  10. 8-æм июлы 2009-æм азы Налцыччы уыдис 14 чындзæхсæвы (уырыс.)