Несбё, Ю
Ю Не́сбё (норв. Jo Nesbø [ˈjuː ˈnɛ̀sbøː]) у норвегиаг фыссæг, музыкант, раздæры экономист æмæ журналист. Несбё у рок-къорд «Di Derre»-йы раздзæуæг вокалист æмæ сæ зарджыты автор.
Ю Несбё | |
---|---|
норв. Jo Nesbø | |
Гуырæн ном | норв. Jon Nesbø |
Райгуырды датæ | 1960-æм азы 29 мартъийы[1][2][…] (64 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Сфæлдыстады азтæ | 1997-æм азæй |
Жанр | детектив, триллер |
Уацмысты æвзаг | норвегиаг æвзаг |
jonesbo.com(англ.) | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ номдзыддæр уацмыстæ сты детективон романтæ Харри Холейы тыххæй. Ноджы ма, дохтыр Прокторы тыххæй рауагъта цалдæр сабитæн фыст чиныджы.
Цардафыст
ивынЮ райгурдис норвегиаг сахар Ослойы. Йæ мад куста чиныгдоны, æмæ йæ руаджы йæ фыртмæ фæзындис литературæмæ интерес. Æрыгон Ю футболæн радта йæ зæрдæ, 17 азы йыл куы сыххæст ис уæд хъазыди ФК «Молде»-йы, цалынмæ йæ зоныг нæ бафхæрдта, уæдмæ. Институты ахуыр кодта экономикон дæсниадыл.
Йæ ахуыры фæстæ куыста брокерæй æмæ экономистæй. 1997-æм азы рауагъта йæ фыццаг чиныг «Хæлынбыттыр» (норв. Flaggermusmannen — «Хæлынбыттырлæг»), уый райста критикты æппæлд.