Никарагуæйы къанау
Никарагуæйы къанау, зæгъгæ, афтæ хонынц Карибы денджыз æмæ Сабыр фурды ’хсæн, Никарагуæйы территорийыл аразынвæнд кæй кæнынц, уыцы къанауы проект. Испайнагау Canal de Nicaragua. Трассæ хъуамæ цæуа цæугæдон Сан-Хуан æмæ цад Никарагуæйыл.
Ахæм къанау саразыны идейæ фæзынди раджы, фæлæ æппынфæстагмæ фурдты ’хсæн донвæндаг сарæзтæуыд Панамæйы территорийыл (кæс: Панамæйы къанау). Ныр Никарагуæйы хицауады фæнды цæмæй ахæм къанау арæзт æрцæуа йæхи территорийыл, Панамæйаг «аналог»-ы альтернативæйæн. Ног къанау уыдзæн Панамæйы каналæй арфдæр, нырыккон наутæн дзы наудзу кæнын æнцон уыдзæн.
Даниэль Ортега 2008-æм азы декабры Мæскуыйы куы уыд, Уæрæсейы хицауад официалон æгъдауæй Никарагуæйы фарс æрлæууыд уыцы проекты аразыныл æмæ фехъусын кодта, Уæрæсе дæр кæй уа проекты реализацигæнæн консорциумы, уый[1].