Новопавловск
Новопа́вловск (уырыс. Новопавловск) у сахар Стъараполы крайы[2]. Уый у Кировы районы (сахары зылды) административон центр.
Сахар | |||||
Новопавловск | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Новопавловск | |||||
|
|||||
43°57′49″ с. ш. 43°38′22″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Стъараполы край | ||||
Сахары зылд | Кировы район | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1777 | ||||
Раздæры нæмттæ |
1981 азы агъоммæ — Новопавловская |
||||
Сахар кæдæй | 1981 | ||||
Фæзуат | 19 км² | ||||
Центры бæрзæнд | 330 м | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↘20 595[1] адæймаджы (2023) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 87938 | ||||
Посты индекстæ | 357300, 357301, 357302 | ||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Сахарæн йæ бындур æвæрд æрцыдис 1777-æм азы 18 сентябры, Сыгъдæг Павелы кадæн ног фидар аразын куы байдыдтой Хъуырæйы рахиз былыл, уæд[3][4][5].
Сахары ис культурæйы галуан, библиотекæ, поликлиникæ, цыппар астæуккаг скъолайы, иннæ алыхуызон инфраструктурон объекттæ.
Номы æндæр формæтæ
ивын- Ново-Павловкæ,
- Ново-Павловская[2].
Географион уавæр
ивынСахар æрбынат кодта Хъуырæйы доны галиу былыл Кæсгон быдыры[5], Кæсæг-Балхъары арæнмæ ’ввæхс. У районы астæу. Край центрмæ ардыгæй ис 258 км[6].
Новопавловскы мидæг ис æфсæнвæндагон станцæ — Аполлонская, Гуым (Георгиевск) æмæ Прохладнæ чи бæтты, уыцы æфсæнвæндагыл.
Новопавловскæй чысыл дарддæр Горнозаводскæйы ’рдæм Хъуырæйы галиу фарсыл ис зоологион заказник «Кировский»[7].
Боныхъæд
ивынСахары рæстæмбис температурæ у +12 °С. Боныхъæд у хусхæссæг.
Истори
ивын1777 азы 18 сентябры Хъуырæйы галиу фарсыл аразын байдыдтой Сыгъдæг Павелы кадæн фидар, уый сси Азов-Мæздæджы фидаргонд хаххæн йæ дыккаг фидар. Арæзтадыл архайдтой Владимиры драгунты полкъ, Волгæйы æмæ Хопёры хъазахъхъ[3][8]. Фидары цур уыдис цæрæнран Правобережное, кæцыйы цардысты Яикæй лыгъд хъазахъхъæгтæ[3][4][8]. Уымæ бафтыдтой ног цæрæнран дæр, станицæ Павловская (ныртæккæ Старопавловская)[9].
1829-æм азы станицæ æндæр ранмæ рахастой, Азов-Мæздæджы хахх куы нал хъуыди, уæд. 1870-æм азæй ацы станицæ хонынц Старопавловская. 1848-æм азы та станицæй раздæры бынаты фæзындис станицæ Новопавловская, æрцæрын дзы кодтой Воронежы, Полтавæйы æмæ Харьковы губернæтæй ласт адæм.
XIX æнусы кæрон энциклопедион дзырдуат афтæ афыссы станицæ:
«Новопавловская — станица Терской области, Пятигорского отдела; дворов 396, жителей 3 062; церковь, школа, торговых заведений 7, мельниц 6, промышленных заведений 5; базары через неделю[10].»
1981-æм азы станицæ Новопавловская райста сахары статус, æмæ йæ хонын байдыдтой Новопавловск[4].
Цæрджытæ
ивынСахары цæрынц 26 мин адæймагæй фылдæр. Сæ адæмы хаттмæ гæсгæ сæ фылдæр хай сты уырыссæгтæ:
Адæмыхатт | Нымæц | Процент |
---|---|---|
Уырыссæгтæ | 21 911 | 82,49 |
Цигайнæгтæ | 1696 | 6,39 |
Сомихæгтæ | 1396 | 5,26 |
Украинæгтæ | 288 | 1,08 |
Æндæр | 1271 | 4,79 |
Æдæппæт | 26 562 | 100,00 |
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года
- ↑ 2,0 2,1 Реестр зарегистрированных в АГКГН географических названий объектов на 18/11/2011. Ставропольский край(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Датæ: 2020-æм азы 4 октябры. Архив 2021-æм азы 17 июны.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 История . Официальный сайт администрации Кировского городского округа Ставропольского края. Датæ: 2019-æм азы 22 апрелы. Архив 2019-æм азы 22 апрелы.
- ↑ 4,0 4,1 4,2 Новопавловск // Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов. — М. : Большая российская энциклопедия, 2004—2017.
- ↑ 5,0 5,1 Новопавловск // Энциклопедический словарь Ставропольского края / Е. А. Абулова и др. ; гл. ред. : доктор социологических наук, профессор В. А. Шаповалов ; рецензенты: академик РАН Ю. А. Поляков, доктор исторических наук, профессор О. Г. Малышева. — Ставрополь : Изд-во СГУ, 2006. — С. 164.
- ↑ Город Новопавловск(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Официальный сайт администрации Кировского района Ставропольского края. Датæ: 2020-æм азы 4 октябры. Архив 2020-æм азы 3 майы.
- ↑ Кировский // Энциклопедический словарь Ставропольского края / Е. А. Абулова и др. ; гл. ред. : доктор социологических наук, профессор В. А. Шаповалов ; рецензенты: академик РАН Ю. А. Поляков, доктор исторических наук, профессор О. Г. Малышева. — Ставрополь : Изд-во СГУ, 2006. — С. 164. — 458 с.
- ↑ 8,0 8,1 К 240-летию Азово-Моздокской оборонительной линии . Сайт комитета Ставропольского края по делам национальностей и казачества. Датæ: 2019-æм азы 24 апрелы. Архив 2019-æм азы 24 апрелы.
- ↑ Административно-территориальное устройство Ставрополья с конца XVIII века по 1920 год : [арх. 23 октябры 2018] / Г. А. Никитенко (ответственный составитель), Е. Б. Громова, М. И. Кривнева ; Комитет Ставропольского края по делам архивов, Государственный архив Ставропольского края. — Ставрополь, 2008. — 705 с.
- ↑ Новопавловская // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907.