Ног Зæхх
Ног Зæхх (уырыс. Новая Земля) у сакъадæхты къорд Цæгат Ихджын фурды, Карæйы æмæ Баренцы денджызты ’хсæн. У Уæрæсейы Федерацийы Архангельсчы облæсты хай.
Ног Зæхх | |
---|---|
уырыс. Новая Земля | |
Характеристикæ | |
Сакъадæхты нымæц | > 200 |
Иумæйаг фæзуат | 83 000 км² |
Бæрзонддæр цъупп | 1547 м |
Цæрджытæ | 3576 ад. (2021) |
Æнгомад | 0,04 ад./км² |
Ран | |
73°57′09″ с. ш. 56°20′55″ в. д.HGЯO | |
Акватори | Баренцы денджыз, Карæйы денджыз |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Сакъадæхты къорды ис бирæ чысыл сакъадахы æмæ дыууæ егъау сакъадахы: Хуссар æмæ Цæгат, уыдоны ’хсæн та нарæг (2—3 км) донкъубал Маточкин Шар. Геологийы цæстæнгæсæй сакъадæхтæ сты Уралы хæхтæн сæ дарддæрдзу.
Ног Зæххы дæргъ хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ у 925 км. Æппæт сакъадæхты фæзуат у 83 000 км²-æй фылдæр. Цæгат сакъадахы стырдæр уæрх у 123 км, Хуссар сакъадахы та — 143 км.
Хуссары Ног Зæхх хицæн кæны сакъадах Вайгачæй уæрæх донкъубал Карæйы Кулдуарæй.
Бæстыхъæд
ивынБæстыхъæд у карз, арктикон. Æппæты хъармдæр мæй (август) хуссары астæуккаг температурæ у +6,5°С, цæгаты та — +2,5°С. Зымæг вæййы тынг карз æмæ дæргъвæтин.
Цæрджытæ
ивынБынæттон цæрджытæй ам цæрынц æрмæст неннæгтæ. Сæ нымæц у 100 адæймаджы бæрц. Цæрынц цуан кæнынæй.
Ам ма ис, полигоны чи кусы, ахæм æртæ мин уæрæсейаг æфсæддоны.
Полигон
ивын1954-æм азы 17 сентябры Ног Зæххы байгом аппон полигон. Полигоны ис æртæ быдыры:
- Сау Бакæлæн (уырыс. Чёрная Губа) (70,7° ц. 54,6° с.) — пайда дзы кодтой 1955—1962.
- Маточкин Шар (73,4° ц. 54,9° с.) — дæлзæхх фæлварæнтæ 1964—1990
- Хус Фындз (уырыс. Сухой Нос) (73,7° ц. 54,0° с.) — 1957—1962.
1955-æм азы 21 сентябры райдайгæ 1990-æм азы 24 октябры онг ам срæмыгъд 135 аппон ифтыгъды, уыдонæй 42 дæлзæхх, 87 уæлдæфы, 2 денджызы уæлцъар, 3 денджызы дæлцъар.
1963-æм азы августы Советон Цæдис æмæ АИШ бафыстой бадзырд, кæцымæ гæсгæ нал рамыгътой аппон бомбæтæ атмосферæ, космос æмæ денджызы. Дæлзæххон фæлварæнтæ цыдысты 1990-æм азы онг (уæд фехъуысын кодтой аппон фæлварæнты мораторий). Кæд аппон бомбæтæ ам нал фæлварынц, уæддæр полигон кусы.
Æддаг æрмæг
ивын- Къамтæ æмæ æндæр информаци Ног Зæххыл
- Сакъадæхты деталон картæ Архивгонд æрцыдис 8 мартъийы 2006 азы.