Геологи
Геологи (гр. γη «зæхх» + λόγος «дзырд, зонд») у, зæххы цъар куыд фæзынди, куыд ивы æмæ йæ сконды цы у, уый иртасæг зонæдты системæ.
Геологийы къабæзты ’хсæн:
- Хуры системæ чи иртасынц, уыцы космохими, космологи, космосы геологи æмæ планетологи.
- Зæххы химион сконд æмæ, химион элементтæ чи ’мбырд æмæ пырх кæны, уыцы процесстæ иртасæг геохими.
- Зæххы планетæйы физикон миниуджытæ чи иртасы, уыцы геофизикæ.
- Минералтæ, сæ равзæрд æмæ сæ классификаци чи иртасы, уыцы минералоги. Уыимæ петрологи, хæххон мыггæгтæ чи иртасы, уый.
- Палеонтологи, стратиграфи æмæ æндæртæ.