Норильск
Нори́льск (уырыс. Норильск) у сахар Красноярсчы крайы цæгаты, Таймыры æрдæгсакъадахы хуссары, 90 км Енисейы цæугæдонæй хурыскæсæнмæ. Сахар ис Полярон зиллаччы фæстæ. Арæнгонд у Таймыры (Долганаг-Неннаг) автономон зылды. Административон æгъдауæй та сахар ис Красноярсчы крайы дæлбарады.
Сахар | |||||
Норильск | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Норильск | |||||
|
|||||
69°20′ с. ш. 88°13′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Красноярсчы край | ||||
Сахары зылд | Норильск | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1935 | ||||
Фæзуат | 284 км² | ||||
Сахатон таг | UTC+7:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↗181 830[1] адæймаджы (2020) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 3919 | ||||
Посты индекстæ | 663300-663341 | ||||
norilsk-city.ru(уырыс.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
2004-æм азы Норильск йæхимæ баиу кодта дыууæ сахар-æмбæлццоны (Талнах, Кайеркан) æмæ ма фæрсæгхъæу Снежногорсчы, æмæ иугонд муниципалон сырæзтад «Сахар Норильск» сси сахайраг зиллаччы статусы хицау.
Норильскæн йæхи цæрджытæ сты 140,8 æрдзæ адæймаджы, ИМС-йы — 230,1 æрдзæ адæймаджы (Талнахы — 62,9 æрдзæ, Кайерканы — 25,1 æрдзæ, Снежногорсчы — 1,3 æрдзæ адæймаджы). Норильскмæ ма хауы цæрæн сырæзтад «Оганер», кæцыйы цæры иу-дæс æрдзæйы бæрц адæймаджы.
Экономикæ
ивынСахарамайæн куыстуат у хæххон-згъæрон компанийы «Норильский никель» (раздæры хæххон-згъæрон комбинат) фæсполярон филиал. Норильск у хуызджын згъæрты стыр центр. Ам амал кæнынц хуызджын згъæрты æфтиаг: æрхуы, никель, кобальт; зынаргъ згъæртæ: паллади, осми (ссадæг), платинæ (згъæртад, ссадæг), сызгъæрин (згъæртад, ссадæг), æвзист (згъæртад, ссадæг), ириди (згъæртад), роди (ссадæг), рутений (ссадæг). Æмвæндæгон кондад: згъæрселен, техникон сондон, згъæртеллур, сондоны туагад.
Норильсчы комбинат кæны дунейы палладийæ 35%, платинæйæ 25%, никелæй 20%, родийæ 20%, кобальтæй 10%. Уæрæсейы никелы 96%, кобальты 95%, æрхуыйы 55% кæнынц Норильсчы комбинаты.
Норильсчы комбинаты куыстуаттæ стыр бæрцты кæнынц хъæстæ раппæрсттæ атмосферæмæ, æмæ сæ фæстиуæгæн экологон уавæр сахары у бынсæфт.
Норильсчы аванпорт у Дудинкæ, кæцыимæ уый иугонд у автомобилон æмæ æфсæнвæндагæй. Нæй дзы сурвæндагон бастдзинад Уæрæсейы иннæ сахартимæ. Уæлдæфон бастад та цæуы аэропорт «Алыкел»-ы фæрцы.
Ахуырад æмæ культурæ
ивынНорильсчы ис иу САУ (сæйраг ахуыры уагдон) — Норильсчы индустриалон институт, иу-цалдæр Уæрæсейы Федерацийы æндæр САУ-ты филиалтæ, Майаковскийы номыл Драмæйы фæсполярон театр, аивадон галерей, Норильсчы куыстуадон районы æрхион æмæ рапарахат кæныны историйы паддзахадон музей, Кæройнаг Цæгаты хъæууон хæдзарады зонадон-иртасæн институт.
Боныхъæд
ивынТаймыры æрдæгсакъадахы боныхъæд у иттæг карз.
- Азы астæуккаг температурæ у -9,8°С.
- Тъæнджы мæйы астæуккаг температурæ у -25°С.
- Сусæны мæйы астæуккаг температурæ у +13,6°С.
- Æппынкъаддæр регистрацигонд температурæ у -57°С.
- Æппæтфылдæр регистрацигонд температурæ у +32°С.
- Æнæхъызт афоны астæуккаг дæргъад — 84 боны.
- Уаргæ бонты нымæц — 170.
- Дымгæджын бонты нымæц — 130.
- Митæй æмбæрзæны хуысты астæуккаг дæргъад — 244 боны (7,5 мæййæ 9-мæ).
- Дымгæйы азастæуккаг тагъдад — 6 м/с.
- Атмосферон æлхъывдады астæуккаг бирæазон ас — 750 мм дж. ц.
- Ахастон азастæуккаг уæлдæфы уымæлад — 77%.
- Тæвдгæнæн æмгъуыды рæстæг — 302 боны.
- Тæвдгæнæн æмгъуыды астæуккаг температурæ у -14,6°С.
- 30-м ноябырæй 13-м январмæ — полярон æхсæв (45 æхсæвбон).
- 13-м мартъæй 27-м мартъмæ — бон æмæ æхcæвы хуымæтæджы ивд (73 æхсæвбоны).
- 27-м мартъæй 26-м апрелмæ — изæрмилон æхсæвтæ (30 æхсæвбоны).
- 27-м апрелæй 19-м маймæ — урс æхсæвтæ (23 æхсæвбоны).
- 19-м маййæ 25-м июлмæ — полярон бон (68 æхсæвбоны).
- 25-м июлæй 15-м августмæ — урс æхсæвтæ (23 æхсæвбоны).
- 15-м августæй 15-м сентябырмæ — изæрмилон æхсæвтæ (30 æхсæвбоны).
- 15-м сентябырæй 30-м ноябырмæ — бон æмæ æхсæвы хуымæтæджы ивд (73 æхсæвбоны).
Æддаг æрмæг
ивын- Норильсчы информацион портал (уырыс.)
- Газет «Заполярная правда» (уырыс.)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.