Паддзахадон думæ, вариант у Паддзахадон тæрхондон[1] (уырыс. Государственная дума) — Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырды дыууæ палатæтæй иу. Йæ барадон статус бæлвырд кæны Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы фæндзæм сæр.

Паддзахадон думæйы эмблемæ

Паддзахадон думæйы ис 450 депутаты (УФ-йы Конституцийы 95-æм статья). Депутат суæвæн ис, 21 азы кæуыл сæххæст, уыцы Уæрæсейы Федерацийы граждантæм.

2007-æм азæй фæстæмæ Паддзахадон думæйы депутаттæ æвзæрст цæуынц пропорцион системæмæ гæсгæ (ома партиты номхыгъдтæм гæсгæ).

Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæ уыдысты 1993, 1995, 1999, 2003, 2007, 2011 æмæ 2016-æм азы.

Фракцитæ

ивын

7-æм æвзæрсты Паддзахадон думæйы уыдис цыппар фракцийы:

Фракци Разамонæг Цас сты Хъæлæсты хай
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фракци Сергей Неверов 339 75,9 %
Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партийы фракци Геннадий Зюганов 43 9,6 %
Уæрæсейы либералон-демократон партийы фракци Владимир Жириновский 40 8,9 %
Парти «Рæстаг Уæрæсе»-йы фракци Сергей Миронов 22 5,1 %

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ (2011)

ивын
Фракци Цас сты %
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фракци 238 49,32 %
Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партийы фракци 92 19,19 %
Парти «Рæстаг Уæрæсе»-йы фракци 64 13,24 %
Уæрæсейы либералон-демократон партийы фракци 56 11,67 %

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ (2007)

ивын
Фракци Цас сты %
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фракци 315 64,30 %
Уæрæсейы Федерацийы коммунистон партийы фракци 92 11,57 %
Уæрæсейы либералон-демократон партийы фракци 56 8,14 %
Парти «Рæстаг Уæрæсе»-йы фракци 64 7,74 %

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Журнал «Хуры тын» №1, 191 — 28-æм ф.