Пассарелла, Даниэль Альберто

Даниэ́ль Альбе́рто Пассаре́лла (исп. Daniel Alberto Passarella, райгуырдис 1953-æм азы 25 майы Чакабукойы сахары, провинци Буэнос-Айрес Аргентинæйы) у аргентинаг футболист æмæ футболон тренер, хъазыдис куыд астæуккаг хъахъхъæнæг, хъомыл кодта Аргентинæ æмæ Уругвайы националон иугонд командæтæ. Пассарелла у, дыууæ хатты дунейы чемпионат чи рамбылдта, иунæг ахæм Аргентинæйы иугонд командæйы хъазæг (1978 æмæ 1986 азты), 1978-æм азы дунейы чемпионаты дæргъы уыдис иугонд командæйы капитан. 2009-13 азты аргентинаг клубæн «Ривер Плейт» йæ президент уыдис.

Футбол
Даниэль Пассарелла
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Даниэль Альберто Пассарелла
Фæсномыг Стыр капитан (исп. El Gran Capitán), Кайзер (исп. El Kaiser), Раздзог (исп. El Caudillo)
Райгуырдис 1953-æм азы 25 майы(1953-05-25)[1][2][…] (71 азы)
Æмбæстонад Аргентинæ Аргентинæ
Ас 173[3] см
Уæз 70 кг
Позици хъахъхъæнæг
Клубы тыххæй информаци
Клуб Аргентинæ Ривер Плейт
Куысты бынат президент
Фæсивæдон клубтæ
1968—1971 Аргентинæ Архентинос Хуниорс
Клубон карьерæ
1971—1973 Аргентинæ Сармьенто 36 (9)
1974—1982 Аргентинæ Ривер Плейт 226 (90)
1982—1986 Итали Фиорентинæ 109 (26)
1986—1988 Итали Интернационале 44 (9)
1989 Аргентинæ Ривер Плейт 32 (9)
1971—1989 Æдæппæт 447 (143)
Национ иугонд командæ
1975—1986 Аргентинæ Аргентинæ 70 (22)
Тренеры карьерæ
1989—1994 Аргентинæ Ривер Плейт
1994—1998 Аргентинæ Аргентинæ
1998—2000 Уругвай Уругвай
2000—2001 Итали Пармæ
2002—2004 Мексикæ Монтеррей
2004—2005 Мексикæ Толука
2005 Бразили Коринтианс
2006—2007 Аргентинæ Ривер Плейт
2009—2013 Аргентинæ Ривер Плейт през.
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Пассарелла нымад у футболы историйы мидæг хуыздæр хъахъхъæнджытæй иуыл, уый бакъуырдта 134 голы 451 матчы дæргъы æмæ уымæй сси дунейы 2-æм ахæм хъахъхъæнæг (æрмæстдæр Рональд Куманы къухы бафтыд фылдæр голтæ бакъуырын). Ныллæггомау хъазæг (173 см), уый хорз хъазыдис йæ сæрæй дæр.

Хъазæджы карьерæ

ивын

Клубтæ

ивын

Даниэль Пассарелла хъазын байдыдта чысыл клуб «Сармьенто»-йы Буэнос-Айресы провинцийы, фæстæдæр рацыдис «Ривер Плейт»-мæ. Уый фæстæ хъазынмæ ацыдис Италимæ, уым æнтыстджынæй хъазыдис «Фиорентинæ» æмæ «Интер»-ы сконды. Йæ карьерæ фæци «Ривер Плейт»-ы.

Иугонд командæ

ивын

Пассарелла уыд Аргентинæйы иугонд командæйы капитан, уыцы командæ фыццаг хатт дунейы чемпионат куы рамбылдта, уæд. Афтæмæй уый сси, дунейы чемпионаты хъалац йæ къухтæм чи райста, фыццаг ахæм аргентинаг футболист.

Тренеры карьерæ

ивын

Йæ карьерæ куы фæци, Пассарелла кусын райдыдта куыд «Ривер Плейт»-ы тренер. Ацы клубимæ рамбулдта цалдæр чемпионты титултæ. Йæ бынатæй ацыдис 2007-æм азы ноябры, йæ клуб куы фембылды ис Хуссар Америкæйы хъалацыл ерысы, уæд.

2018-æм азы Пассарелла загъта, тренер ногæй суын кæй цæттæ у, уый; уæд бирæтæ хъуыды кодтой æмæ «Монтеррей»-ы кусдзæнис, фæлæ, куыд рабæрæг, ацы клубы разамонджытæн сæ зæрдæмæ иннæ тренер фæцыдис тынгдæр[4].

Статистикæ

ивын

Клубты

ивын
Клуб Сезон Чемпионат Хъалац Континенталон

турнир
Æдæппæт
Дивизион Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ
Ривер Плейт 1974 Примера Дивисьон 22 5 22 5
1975 29 9 29 9
1976 35 24 1 35 24
1977 40 13 1 40 13
1978 19 4 1 19 4
1979 38 9 38 9
1980 41 12 0 41 12
1981 42 14 1 42 14
Æдæппæт 266 90 0 0 4 94
Фиорентинæ 1982/1983 Сери A 27 3 5 0 2 0 34 3
1983/1984 27 7 7 1 34 8
1984/1985 26 5 6 3 3 1 35 9
1985/1986 29 11 7 4 36 15
Æдæппæт 109 26 25 8 5 1 139 35
Интернационале 1986/1987 Сери A 23 3 8 4 7 1 38 8
1987/1988 21 6 8 1 6 0 35 7
Æдæппæт 44 9 16 5 13 1 73 15
Ривер Плейт 1988/89 Примера Дивисьон 32 9 32 9
Æдæппæт карьерæйы дæргъы 451 134 41 13 6 153

Иугонд командæйы

ивын
 Аргентинæ
Аз Хъæзтытæ Голтæ
1976 6 2
1977 7 3
1978 13 4
1979 11 5
1980 9 3
1981 4 1
1982 9 3
1983 0 0
1984 0 0
1985 8 1
1986 3 0
Æдæппæт 70 22

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Daniel Passarella // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
  2. Daniel Passarella // FBref.com (цалд.)
  3. daniel passarella(недоступная ссылка). River Plate – rivermillonarios.com.ar. Датæ: 2013-æм азы 16 январы. Архив 2013-æм азы 3 декабры.
  4. Si voy a Rayados es para ser campeón: Passarella (исп.)