Аргентинæ (исп. Argentina) кæнæ Аргентинæйы Республикæ (República Argentina) у дунейы 8-æм стырдæр паддзахад, Хуссар Америкæйы хуссары. У 23 провинцийы æмæ сæйраг сахары федераци. Бæстæйы сыхæгтæ сты Чили, Боливи, Парагвай, Бразили æмæ Уругвай. Хуссар-ныгуылæнæй Аргентинæйы æхсынц Атлантикон фурды дæттæ.

Аргентинæйы Республикæ
República Argentina
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Oid, Mortales»
Официалон æвзаг испайнаг
Сæйраг сахар Буэнос-Айрес
Стырдæр сахартæ Буэнос-Айрес, Кордовæ, Росарио æмæ æндæртæ
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент Альберто Фернандес
Территори
 • Æдæппæт 2 766 890 км²
 • Доны уæлцъары % 1,1
Цæрджытæ
 • Бахыгъд (2022) 46 403 544 ад.
 • Сфыст (2010) 40 117 096 ад.
 • Æнгомад 14,4 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2019) 444,5 млрд. долл.
Валютæ Аргентинæйы песо (ARS)
Интернет-домен .ar
Код ISO AR
ÆОК-ы код ARG
Телефонон код +54
Сахатон таг -3
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Æвзæгтæ

ивын

Кæд паддзахадон æвзаг испайнаг у[1] æмæ алчидæр зоны, Аргентинæйы цæрджытæй се ’рдæг сты италиаг эмигрантты байзæддæгтæ, уыдонæй иуæй-иутæ дзурынц, сæ фыдæлттæ цы æвзæгтыл дзырдтой, уыдоныл. Кæс: Италийы æвзæгтæ.

Испайнаг æвзаг паддзахадон кæмæн у, уыцы бæстæты ’хсæн Аргентинæ у сæ тæккæ стырдæр, йæ фæзуатмæ гæсгæ.

Цæрджытæ

ивын

Аргентинæйы цæрынц 42,6 милуан адæймагæй фылдæр æмæ рæзы[2].

Аргентинæ у континенты размæдзыддæр бæстæтæй иу, йæ цæрджыты райрæзты индексмæ гæсгæ у Хуссар Америкæйы дыккаг хуыздæр. Фæлæ уæддæр экономикон кризисты аххосæй аргентинæйæгтæ, уæлдæйдæр сæ бонджындæртæ, сæ бæстæйæ ацæуынц — æмæ ныртæккæ сæ милуанмæ ’ввæхс цæрынц АИШ, Испани, Чили æмæ æндæр бæстæты. Уыцы иу рæстæг бæстæмæ æрбацыдысты цæрынмæ адæм Боливи, Парагвай, Уругвай æмæ æндæр бæстæтæй, кæддæры Советон Цæдисы фехæлды фæстæ дæр мингай раздæры советон граждантæ бафтыдтой Аргентинæмæ. Фæсарæйнаг цæрджыты ’хсæн 77% сты сыхагон бæстæтæй æмæ Перуйæ, æдæппæт фæсарæйнæгты нымæц у 1,8 милуаны[3].

Адæмыхæттытæ

ивын

Цæрджытæй сæ фылдæр хай сты италиаг эмигрантты байзаддæгтæ (50%), испайнæгтæ (30%), баскæгтæ (10%) æмæ æндæртæ.

Административон дих

ивын

Аргентинæйы ис 23 провинцийы æмæ автономон сæйраг сахар:

  1. Федералон сæйраг сахар Буэнос-Айрес
  2. Буэнос-Айрес (провинци)
  3. Катамаркæ
  4. Чако
  5. Чубут
  6. Кордовæ
  7. Корриентес
  8. Энтре-Риос
  9. Формосæ
  10. Хухуй
  11. Ла-Пампæ
  12. Ла-Риохæ
  13. Мендосæ
  14. Мисьонес
  15. Неукен
  16. Рио-Негро
  17. Сальтæ
  18. Сан-Хуан
  19. Сан-Луис
  20. Сантæ-Крус
  21. Сантæ-Фе
  22. Сантьяго-дель-Эстеро
  23. Арты Зæхх, Антарктидæ æмæ Хуссар Атлантикæйы сакъадæхтæ
  24. Тукуман
 
Аргентинæйы провинцитæ
 
Фицройы хох

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. El País, [1] Konsultita la 16an de Aŭgusto 2016.
  2. Instituto Nacional de Estadística y Censos. Estimaciones y proyecciones de población 2010-2040. : total del país. Paĝo 28.
  3. El País, [2] Konsultita la 16an de Aŭgusto 2016.