Персы бакæлæн

денджыз

Персы бакæлæн[3] (перс. خلیج پارسxalij-e fârs) у Иран æмæ Аравийы æрдæгсакъадахы ’хсæн бакæлæн. Ормузы донкъубалæй баст у Оманы бакæлæнимæ, Араббы денджызимæ æмæ Индийы фурдимæ. 1960-тæм азтæй иуæй-иу араббаг паддзахæдтæ рæгъмæ æрхæстой бакæлæны ном баивыны идейæ: араббагау æй райдыдтой Араббы бакæлæн хонын (арабб. الخلیج الفارسی‎‎ )[4]. Ацы ном араббаг дунейы æдде нæ рапарахат ис, Иугонд Нациты Организаци æмæ æндæр организацитæ дарддæр пайда кæнынц раздæры номæй[5][6][7][4].

Персы бакæлæн
перс. خلیج فارس, арабб. الخليج العربي
Персы бакæлæн спутникæй
Персы бакæлæн спутникæй
Характеристикæ
Фæзуат239 000[1] км²
Гуырахст9100 км³
Донбылы дæргъ5500[2] км
Стырдæр арф102 м
Астæуккаг арф36 м
Бассейн1 400 000 км²
Ран
26°54′17″ с. ш. 51°32′51″ в. д.HGЯO
Бæстæ
Æввахс Хурыскæсæн
Персы бакæлæн
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Персы бакæлæны былгæрон ис ахæм паддзахæдтæ: Оман, Араббы Иугонд Эмираттæ, Сауды Арабб, Катар, Бахрейн, Кувейт, Ирак æмæ Иран. Персы бакæлæнмæ кæлынц цæугæдæттæ Тигр æмæ Евфрат.

Персы бакæлæны регион нефтарæх кæй у, уый охыл ын ис тынг ахсджиаг геополитикон ахадындзинад. XX æнусы кæрон регионы цыдысты дыууæ стыр хæсты: Иран æмæ Ирачы ’хсæн хæст (19801988) æмæ Персы бакæлæны хæст (1991).

Гидрологион, гидрохимион æмæ æндæр æууæлтæм гæсгæ Персы бакæлæн у денджыз.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Kämpf, Jochen; Sadrinasab, Masoud (2005.), str. 130.
  2. CIA: Coastline (2012.)
  3. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
  4. UN Map (æрвитæн)
  5. UN Map of Iran (æрвитæн)
  6. UN Map of Western Asia (æрвитæн)