Плевены облæст

Плевены облæст у Болгарийы 28 облæстытæй иу, лæууы бæстæйы цæгаты, Дунайы дæлвæзы.

Плевены облæст
болг. Плевенска област
Герб
Gerb pleven.jpg
Паддзахад Болгари
Статус Облæст
Йæ дæлхæйттæ 11 хъæубæстæйы
Административон центр Плевен
Цæрджытæ (2001) 311 985 адæмаджы
Националон сконд болгайрæгтæ, туркæгтæ, цигайнæгтæ
Фæзуат 4653 км²
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Автомобилон код EH
Сайт Официалон сайт
Плевены облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

2001 азы адæмы сфыстмæ гæсгæ облæсты цардысты 311 985 адæймаджы, уыдонæй фылдæр хай сты болгайрæгтæ — 280 475 адæймаджы. 16 931 адæймаджы сæхи схуыдтой туркæгтæ (уыдоны ’хсæн иуæй-иу пысылмон цигайнæгтæ) æмæ 9 777 адæймаджы — цигайнæгтæ.

275 112 адæймаджы сæ диныл нымайынц православие, 15 681 адæймаджы сты пысылмæттæ, 7065 адæймаджы — католиктæ.

283 626 адæймагæн сæ мадæлон æвзаг у болгайраг, 14 947 адæймагæн — туркаг, 8861 адæймагæн та — цигайнаг.

Æддаг æрмæгИвын