Плиты Гацыр
ахуыргонд, ирон литературæ иртасæг, филологон зонæдты кандидат, профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат
Плиты Гаврилы фырт Гацыр (райгуырдис 1935-æм азы 11 июлы Дзауы районы Ручъы хъæуы), ахуыргонд, ирон литературæ иртасæг, филологон зонæдты кандидат, профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат.
Плиты Гаврилы фырт Гацыр | |
---|---|
Райгуырды датæ | 11 июлы 1935 (89 азы) |
Райгуырæны бынат | Рукъ, Хуссар Ирыстон |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | Ирыстоны культурæйы истори, ирон литературæ |
Цардафыст
ивынГацыр йæ саби бонтæ арвыста йæ райгуырæн хъæуы[1]. 1953-æм азы каст фæцис Ручъы астæуккаг скъола, стæй Хуссар Ирыстоны педагогон иснтитут (ныртæккæ университет)[2]. Фæстæдæр уыцы университеты куыста.
Плиты Гацыр кусы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй[3].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Плиты Г. Г. Театр — царды айдæн. — Цхинвал, «Южная Алания», 2017.
- ↑ Летописец осетинской культуры (уырыс.)
- ↑ ХИПУ. Ирон литературæйы кафедрæ