Плиты Иссæ
Плиты Алыксандыры фырт Иссæ (1903-æм азы 12 (25) ноябры, Зæронд Бæтæхъойыхъæу — 1979 азы 6 февралы) уыдис советон инæлар. Дыууæ хатты ссис Советон Цæдисы хъæбатыр æмæ Манголы Адæмон Республикæйы хъæбатыр дæр. У ирон кадджындæр хæстонтæй иу. Æфсады службæ кодта 1922 азæй.
Плиты Иссæ | |
---|---|
![]() | |
Райгуырды датæ | 12 (25) ноябры 1903[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1979-æм азы 6 февралы[1] (75 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æфсæдты хуыз | кавалери[d] |
Хуындад | æфсады инæлар[d] |
Тохтæ | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
![]() |
Плиты Иссæ йæ хъæбатырдзинады тыххæй бирæ хæрзиуджытæй хорзæхгонд æрцыдис. Се ’хсæн Ленины æхсæз ордены, Сырх Тырысайы æртæ ордены, Суворовы фыццаг къæпхæны дыууæ ордены, Кутузовы фыццаг къæпхæны орден.
1985-æм азы Дзæуджыхъæуы байгом ис йæ хæдзар-музей.
Цардафыст
ивынИссæ райгуырд 1903 азы 25 ноябры Бæтæхъойыхъæуы зæхкусæджы хæдзары. Йæ фыд Алыксандр, ацæргæ лæг уæвгæйæ, исты бакусыны охыл ацыд Канадæмæ æмæ уым 1908-1912 азты фæкуыста шахтæты. Цыдæр æхцатæ сæрвыста йæ мадæн.
1918 азы уалдзæджы Иссæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы реалон училище.
1922 азы 1 мартъийы Иссæ бацыд Кавказаг Сæрмагонд æфсады къордмæ. Уым йæхи хъæппæрисджынæй кæй равдыста, уымæ гæсгæ йæ ахуырмæ арвыстой Ленинграды бæхджын æфсады училищемæ.
Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ дзы куы бакаст, уæд æй 1926 азы снысан кодтой Краснодары хæххон адæмты бæхджын æфсады скъолайы ахуырдзауты командирæй. 1930 азы дарддæр йæ ахуыр ахæццæ кодта Фрунзейы номыл æфсæддон Академийы. Академийы фæстæ Иссæ нысангонд æрцыд Киевы æфсæддон зылды 2-аг бæхджын корпусы 5-æм дивизийы оперативон къорды хицауæй.
1936 азы йæ арвыстой Манголимæ. Улан-Баторы цæттæ кодта афицерты кадртæ. Бæстæйы разамынд Иссæйы схорзæхджын кодта Сæууон стъалыйы орденæй. 1939 азы булкъон Плиты И.А. снысан кодтой 6-æм бæхджын дивизийы 32-æм полчъы командирæй. Йæ полкъимæ архайдта Ныгуылæн Белоруссийы хæстон стæры, йæхи дзы равдыста дæсны разамонæгæй, æмæ йæ айстой Генералон штабы æфсæддон Академимæ.[2]
Æддаг æрмæг
ивын- ПТРК «Алани» Абон Плиты Иссæйыл сæххæст уыдаид 107 азы(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Багаты Аврам. Æртæ гуыппырсары. Журнал «Мах дуг», 2013 аз, №11