Потто, Василий Александры фырт

Василий Александры фырт Потто (1836-æм азы 13 январь — 1911-æм азы 11 ноябрь) уыдис Уæрæсейы империйы Кавказы æфсады генералон штабы сæргълæууæг, инæлар-лейтенант, æфсæддон историк. В.А. Потто зындгонд сси, Кавказы хæсты тыххæй цы историон куыстытæ ныффыста, уыдоны фæрцы.

Василий Александры фырт Потто
Райгуырды датæ 1836-æм азы 1 январы(1836-01-01)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1911-æм азы 11 ноябры(1911-11-11) (75 азы) кæнæ 1911[2]
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз кавалери[d]
Æфсæддон куысты азтæ 1855—1911
Хуындад кавалерийы инæлар[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Святой Анны 1-й степени орден Святого Станислава 1-й степени орден Святого Владимира 3-й степени орден Святого Владимира 4-й степени орден Святой Анны 2-й степени орден Святого Станислава 2-й степени орден Святой Анны 3-й степени орден Святого Станислава 3-й степени
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Василий Потто райгуырдис Тулæйы губернæйы. Æфсæддон ахуыр райста Паддзах Александры Тулæйы кадетон корпусы (уырыс. Тульский Александровский кадетский корпус), Бахтины номыл Орёлы кадетон корпусы æмæ Дворянты полчъы.

1855-æм азы йын лæвæрд æрцыд прапорщичы цин æмæ йæ снысан чынди Новороссийсчы драгунты полкъмæ. Уыцы полчъы уæвгæйæ архайдта Хъырымы хæсты Хъарсы блокадæ кæныны æмæ байсты, стæй 1863-æм азы Польшæйы растад басæттыны.

1866-æм азы Потто куыста Паддзах Никъалайы кавалерион училищейы ахуыргæнæгæй. Уæд ын уыди капитаны цин. Фæстæдæр та йæ аивтой Паддзахы Уланты лейб-гвардийы полкъмæ. 1870-æм азы октябрæй 1881-æм азы декабрьмæ Василий Потто службæ кодта Оренбурджы хъазахъхъы юнкерон училищейы сæргълæууæгæй æмæ нымад уыди Лейб-гвардийы Уралы хъазахъхъы эскадроны сконды. 1877-æм азы февралы йын лæвæрд æрцыд булкъоны цин, 1899-æм азы та сси инæлар-майор. Потто ма акуыста Кавказы æфсæддон зылды штабы цур æфсæддон-историон хайады сæргълæууæгæй. Отставкæйы рацыди инæлар-лейтенанты цинимæ.

Æддаг æрмæг

ивын
  1. Identifiants et Référentiels (фр.)ABES, 2011.
  2. Library of Congress Authorities (англ.)Library of Congress.