Припять (сахар)
Припять (укр. Прип'ять) у Украинæйы Киевы облæсты æдзæрæг сахар, йе ’мном цæугæдоны былгæрон. Сахары бындур сæвæрдæуы 1970-æм азы 4 февралы, йæ цæрджытæ дзы ацыдысты (эвакуацигонд æрцыдысты) 1986-æм азы 27 апрелы Чернобылы аварийы фæстиуæгæн.
Сахар, 1986 азæй фæстæмæ — æдзæрæг | |||
Припять | |||
---|---|---|---|
укр. Прип'ять | |||
| |||
|
|||
51°24′00″ с. ш. 30°03′00″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад |
![]() |
||
Облæст | Киевы облæст | ||
Истори æмæ географи | |||
Бындурæвæрд | 1970 | ||
Фыццаг кой | 1970 | ||
Фæзуат |
|
||
Сахатон таг | UTC+2:00[d] æмæ UTC+3:00[d] | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ | 0 адæймаджы | ||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +380 4499 | ||
Посты индекс | 255614 | ||
pripyat.com | |||
|
|||
![]() |
Сахар аразын байдыдтой, цæмæй дзы цæрой Чернобылы атомон электростанцæйы кусджытæ. Уымæй Припять сси Советон Цæдисы фарæстæм «атомы сахар» (уырыс. атомград). Электростанцæйы йеддæмæ æндæр индустриалон куыстуæттæ дæр дзы уыдысты, æппæты зынгæдæр — радиозавод «Юпитер».
Цæрджыты фæстаг сфыстмæ гæсгæ (1985-æм азы ноябрь) сахары цардысты 47 мин 500 адæймаджы, 25 адæмы хаттæй. Æрвылаз уыдоныл-иу æфтыд 1500 адæймагæй фылдæр (аст сæдæйы бæрц — ноггуырдтæ). Проектмæ гæсгæ сахары хъуамæ æрцæрой 75—78 мин адæймаджы, фæлæ уыцы пълан нæ фæрæстмæ.
Припять уыд æфсæнвæндагон æлхынцъ (станцæ Янов) æмæ цæугæдоны науты лæууæн.

Æддаг æрмæгИвын
- Припяты тыххæй сайт (уырыс.)
- Припяты сахары истори. Радиацион счъизийы картæтæ (уырыс.)
- Припятæй репортажтæ (уырыс.)
- Эвакуацийы тыххæй радиохъусынгæнинаг (уырыс.)