Рæхыс
Рæхыс — къонайы рæхыс, фыдæлтыккон ирон хæдзары æнæмæнг чи хъуыдис æмæ уыдис, ахæм дзаума. Ирон адæмы зондахасты рæхыс иу кодта, бинонты иудзинадыл æмæ фарныл дзурæг чи уыд, уыцы æртдзæст — къонайы тыххæй цыдæриддæр æмбарынадæй уыдис, уыдон иууылдæр. Къонайы рæхыс (йæхицæн уыдис аудæг дзуар Сафа) æрмæст хæдзары дзаумайы функцийæ уæлдай ма ирон адæмы царды æххæст кодта ахсджиаг социалон функцитæ дæр, æмæ уыцы хъуыддаг уæлдай ирдæй зындис чындзæхсæвы æмæ æвгъæды фæткы, стæй туджджынты фидауын кæныны æгъдæутты.
«Къона æмæ рæхыс, — фыста Хетæгкаты Къоста, — алы иронæн дæр сты æппæты зынаргъдæр æмæ кувынаккаг».
Къонайы рæхыс адавын кæнæ йæ дуармæ раппарын нымад цыдис стыр æфхæрдыл æрмæст бæрæг бинонтæн нæ, фæлæ æгас мыггагæн дæр; ахæм хъуыддаг-иу туг расайдта.