Сафакъонайы дзуар ирон мифологийы, къонайы рæхыс саразæг æмæ йæ бардуаг, йæ лæвар адæмæн — къонайы рæхыс нымад цæуы æппæты ахсджиагдæр æмæ уæлфæдзæхстдæр дзаумайыл. Нарты кадджыты Сафа у уæларвцæрæг. Нартимæ йын ис хæлар ахастдзинæдтæ, у Нарты Уырызмæджы фырт Хъырым-Солтаны хъомылгæнæг-аталыхъ.

Иуæй-иу кадджыты æвдыст цæуы Хуыцау — куырды хуызы, арæх æй хонынц «æрвон» Сафа. Йæ номимæ баст сты бинонты циклы æгъдæуттæй иу къорд, куыд «авдæнбæттæнтæ», чындзцæуæг чызджы «хæрзбон»-ы æгъдау йæ фыды уæзæгæн æмæ йæ йæ мойы къонаимæ базонгæ кæныны фæтк.

Сафайы номимæ æмæ къонайы рæхысæн йæхиимæ баст сты ирон цардыуаджы иуæй—иу туджджынты бафидауын кæныны æгъдау æмæ ард хæрыны фæтк. Сафайы номæй ард бахæрын нымад уыдис уæлфæдзæхст хъуыддагыл.