Республикæ
Республикæ (лат. res publica «иумæйаг хъуыддаг») у паддзахадон хицауиуæджы хуыз, кæцы йæ сæйраг хицауад æххæст кæнынц бæрæг æмгъуыдмæ æвзаргæ оргæнтæ.
Дунейы паддзахæдтæй сæ фылдæр сты республикæтæ.
Рагондæр республикæтæ фæзындысты антикон заманы (Афинæты демократи æмæ Ромы республикæ). Астæузаманы нырыккон Уæрæсейы Федерацийы зæххытыл дæргъвæтин уыдысты Новгороды республикæ æмæ Псковы республикæ (чысыл æмгъуыды дæргъы уыдысты Тверь æмæ Мæскуыйы дæр).
Бындурон миниуджытæ
ивынРеспубликæйы бындурон миниуджытæ сты:
- хицæуæттæ дихгонд
- сæйраг оргæнты æвзаргæдзинад
Республикæйы хуызтæ
ивын- Парламетон республикæ
- Президентон республикæ
- Хæццæ республикæ
- Советон республикæ
- Адæмон республикæ
- Пысылмон республикæ