Рифмæ
Рифмæ (бердзенаг дзырдæй: ρυθμος) у æмдзæвгæйы рæнхъыты фæстаг дзырдтæн сæ кæрæтты æмцавд. Зæгъæм, уæттæ — сывæлæттæ, дардмæ — цардмæ.
Рифмæйы хуызтæ
ивынОмонимион рифмæ
ивынНигеры æмдзæвгæ «Зымæг»-ы ис ахæм рæнхъытæ:
- Зымæг, бамбæрзтай нæ митæй,
- Нал ыстæм сæрæн дæ митæй
Ам рифмæгонд дзырдтæ фысгæ æмæ хъуысгæ дæр кæнынц иухуызон, фæлæ сæ нысаниуагмæ гæсгæ иу не сты. Сæ фыццаг у дзырд «мит»-ы формæ, сæ иннæ та — дзырд «ми» бирæон нымæцы формæ. Ахæм рифмæтæ хуыйнынц омонимон.