Сæнар (бирæон нымæц: сæнæрттæ), æндæр варианттæ сты дзæкъæн кæнæ зæкъæн[1] у артаджы хуыз, фысвосы фæджисæй конд. «Фысвосы бын нæ сыгъдæг кодтой. Куы-иу сбирæ, йæ бæзн 15-20 сантиметры куы ссис, уæд йæ цыргъ белæй лыгтæ кодтой самандурты хуызæн. Хурмæ йæ амадтой хусмæ, уый хуынд сæнар. Зымæг дзы пецы арт кодтой æвзалыйы хуызæн, уый тынг хъарм дæтты» (Мырзаганты Мухарбег. «Мырзаганты фыдыуазæг»)[2].

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том
  2. Мырзаганты Мухарбег. Мырзаганты фыдыуазæг. Дз.: «Аланыстон», 1999. Ф. 17.