Сæна (хъæу)

хъæу Гуырдзыстоны

Сæна[2][3] кæнæ Сæнайыхъæу (гуырдз. სტეფანწმინდა, [стъепанцъминда]; 2007-æм азы онг гуырдз. ყაზბეგი — [хъазбеги][4]) у сахарæнгæс посёлок Гуырдзыстоны цæгаты. Йæ уылты цæуы Арвыкомы фæндаг, 2009-æм азы ноябрæй ногæй дзы ласынц уæргътæ Фæскавказ æмæ Уæрæсейы ’хсæн[5]. Сæна у Хъазыбеджы (Сæнайы) районы административон центр.

Хъæу
Сæна
гуырдз. სტეფანწმინდა
42°39′30″ с. ш. 44°38′40″ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Регион Цхета-Мтианет
Муниципалитет Хъазыбеджы муниципалитет
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ 2007 азы агъоммæ — Хъазбеги
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1326[1] адæймаджы (2014)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +995 245
kazbegi.gov.ge
Сæна (хъæу) (Гуырдзыстон)
Сæна (хъæу) (Цхета-Мтианет)
Сæна (хъæу) (Хъазыбеджы муниципалитет)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Географион бынат

ивын
 
Сæнайы уынд

Æрбынат кодта Сæнайы хохрæбын, Арвыкомы фæндаггæрон. Цæугæдон Терчы гуырæнмæ ’ввахс. Уæрæсеимæ цы арæн ис, уымæй 11 км хуссардæр.

Посёлок цы ран ис, уый денджызы æмвæзадæй у 1750 метрæй бæрзонддæр.

Æнæуый информаци

ивын

Сæнайæ райдайынц сæ балц, Сæнайы хохмæ чи хизы, уыцы хохдзаутæ.

Посёлок у туристон артдзæст. Æрвылаз дæр Сæнайы æмæ комы вæййы туристтæ Германæй, Нидерландтæй æмæ Европæйы æндæр бæстæтæй.

Сæнамæ бацæуæны цур, трассæйæ 1–2 км æддæдæр ис, газджын суарæй дзаг чи вæййы, ахæм æнæсæр гом бассейн.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. მოსახლეობის საყოველთაო აღწერა 2014. საქართველოს სტატისტიკის ეროვნული სამსახური (ნოემბერი 2014). Датæ: 26 ივლისი 2016.
  2. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. 94 ф.
  3. Фыдыуæзæг: Тырсыгом, Хъуды ком, Къобы зылд. // Бæциаты А.Б., Кокайты Т.А. — Дзæуджыхъæу: Проект-Пресс, 2008. 27 ф.
  4. Гуырдзиаг фыссæг Алыксандр Хъазбегийы номæй.
  5. Регнум: Грузия приняла решение открыть КПП «Верхний Ларс»