Голоты Владимир: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bogorm (ныхас | бавæрд)
чНет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 2:
'''Голоты Естъайы фырт Владимир''' у зындгонд ирон фыссæг-публицист. Уый райгуырдис [[1910]] азы [[Хуссар Ирыстоны Ленингоры район|Ленингоры районы]] хæххон хъæу [[Салбиер]]ы мæгуыр зæхкусæг хæдзары. Йæ фыд Естъа амардис [[1916]] азы.
 
Владимир баззадбаззадис сидзæрæй. Сомбоны фыссæг æмæ журналист цыдис фыййау. Ахуыр кодта сæ хъæуы райдиан скъолайы.
 
[[1924]] азы [[газет]] «[[Хурзæрин (газет)|Хурзæрин]]» мыхуырæй цæуын куы райдыдта, уæд хъæууон зæрдæргъæвд лæппу газетмæ фыссын райдыдта уацтæ.
 
[[1927]] азы Голоты Владимир ахуыр кæнынмæ бацыдис [[Цхинвал]]ы ахуыргæнджыты дыууæазон курсытæм. Каст сæ фæцис æнтысгæйææнтыстджынæй æмæ кусын райдыдта йæ райгуырæн хъæуы ахуыргæнæгæй. Уыцы иу рæстæджы уацтæ фыста [[Мæскуы|Мæскуыйы]] «Крестьянская газета»-мæ. Йæ уацтæ афтæ цымыдисон уыдысты æмæ йæ уайтагъд газеты редакции йæхимæ ахуыдта кусынмæ. Уыцы рæстæджы Владимир ахырмæ бацыдис журналисты уæлдæр скъоламæ.
 
«Крестьянская газета»-йы кусгæйæ , базонгæ ис стыр пролетарон фыссæг [[Максим ГорькиимæГорький]имæ. Уый йын йæ фыццаг радзырд «Хиисад» ныммыхуыр кодта журнал «Наши достижения»-йы.
 
[[1935]] азы журналистты уæлдæр скъола каст куы фæцис, уæд æрыздæхтæрыздæхтис йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Уæдæй йæ амæлæты бонмæ куыста прессæйы. Къорд азты дæргъы уыдис газет «Коммунист»-ы бæрнон редактор. Рауагъдады директор. Радиоралæвæрды хистæр. [[Фидиуæг (журнал)|Журнал «Фидиуæджы»]] редколлегийы уæнг. Голойы-фырт уыдис йе схъомылгæнæг партийы æнувыд солдатсалдат [[1939]] азæй фæстæмæ. Æвæстиатæй кусынмæ цыдис, партиипарти йæ кæдæм æрвыста, уырдæм. Цалдæр азы фæкуыста [[Хуссар Ирыстоны Дзауы район|Дзауы районон]] газет «Дзау»-ы редакторæй.
 
Голоты Владимир бæрнон бынæтты архайгæйæ уый æмрæстæджы кодта ахадæн сфæлдыстадон куыст дæр. Фыста радзырдтæ, уацаутæ, аивадон очерктæ, публицистикон уацтæ. АктивонАктивонæй хайад истаархайдта куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ [[Цæгат Ирыстон]]ы дæр.
 
Голоты Владимирæн мыхуыры рацыд радзырдтæ, уацаутæ æмæ очеркты бирæ æмбырдгæндтæ. Уыимæ хайад иста фысджыты уацмысты иумæйаг æмбырдгæндты. Фыссæг-публицист æппæт йæ цард, йе сфæлдыстадæй æнувыдæй лæггад кодта адæмæн. Йе ’нувыд куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдæрцыдис бирæ кады грамотæтæй æмæ падзахадон хорзæхтæй.
 
Голойы-фырт уыд Ирыстоны рагондæр журналисттæй сæ иу. Йæ егъау культурон æмæ аивадон бынтæй арф фæд ныууагъта ирон литературæ æмæ мыхуыры размæцыды хъуыддаджы.