Андтæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 226:
5° æмæ 28° х.у. астæу фиппайд цæуы ирд æргомгонд ассиметри дæлдзырæтты уæрсты — фæхстыл; ныгуылæйнаг фæхстæ бирæ цауддæр уымæлгонд цæуынц скæсæйнæгтæй. Сæйраг Кордильерæйæ ныгуылæнырдæм — æдзæрæг тропикон арвыхæд (йæ сфæлдыстæн дзæвгар ахъаз кæны уазал [[Перуайнаг гуылфæн]]), цæугæдæттæ бирæ не сты. Кæд Цæнтралон Андты цæгатаг хайы æруары 200-250 мм дæлдзырæттæ азмæ, уæд хуссары ’рдыгæй та сæ бæрц фæкъаддæр вæййы æмæ ранæй-рæтты азмæ 50 мм нæ фæуæлдæр вæййы. Андты ацы хайы йæхи айтыгъта [[Атакама]] - зæххы къорийы тæккæ хусдæр [[æдзæрæгран]]. Æдзæрæгрæттæ кæмдæрты схизынц уæлæмæ 3000 м уæлдæр дæнджызы æмвæзадæй. Цыбырнымæцон [[оазис]]тæ æвæрд сты сæйрагтæр къаннæг цæугæдæтты кæмтты, ацы дæттæ сæхи æфсадынц хæххон цъититæй. Æхсæнянварон температурæ донбылон районты æнкъуысы 24 °C-æй цæгаты 19 °C-мæ хуссары, æхсæниюлон — 19 °C-æй цæгаты 13 °C-мæ хуссары. 3000 м уæлдæр [[Хус Пуна]]йы гыццыл дæлдзырæттæ (стæм хатт азмæ 250 мм фылдæр); бæрæггонд цæуынц уазал дымгæты æрбафтыдтæ, уæд температурæйы бон у æрхауын −20 °C онг. Æхсæниюлон температурæ 15 °C сæрты нæ хизы.
 
Гыццыл бæрзæндтыл, тынг къаннæг къæвдаты бæрцимæ, уæддæр бæрæггонд цæуы дзæвгар уæлдæфы уымæлдзинад (80 % онг), уымæ гæсгæ арæх сты [[мигъ]] æмæ [[æртæх]]. [[Альтиплано]] æмæ [[Пуна]]йы платотыл — тынг тызмæг арвыхъæд, æхсæназон температурæтæ 10 °C сæрты нæ хизынц. Егъау цад [[Титикака]] фæлмæнгæнæн архайд дæтты æмбаст территориты арвыхъæдæн, цады цур районты температурæйы æнкъуыстытæ афтæ тынг нæ зынынц. Сæйраг Кордильерæйы скæсæнырдæм стыр дæлдзырæтты нымæц (3000 - 6000 мм азмæ, сæйрагдæр сæ рбахæссынц сæрдыгон скæсæйнаг дымгæтæ), бæзджын цæугæдæтты системæ. Кæмтты уæлдæфон массæтæ [[Атлантикон фурд]]æй цæхгæрмæ ахизынц Скæсæны Кордильерæ æмæ уымæл кæнынц йæ ныгуылæйнаг фахс дæр. Цæгаты 6000 м хуссары та 5000 м уæлдæр — æппæрццаг ({{lang-rusru|отрицательные}}) æхсæназон температурæтæ; хус арвыхъæды тыххæй цъититы нымæц бирæ нæу.
 
=== Хуссары Андтæ ===
Чилийы-Аргентинæйы Андты арвыхъæд — субтропикон, æмæ ныгуылæйнаг фæхсты уымæлдзинад зымæгон циклонты хардзæй фылдæр у, субэкваториалон ронимæ абаргæйæ; хуссарырдæм цæугæйæ дæлдзырæтты азон суммæтæ ныгуылæйнаг фæхстыл тагъд сырæзынц. Сæрд хус у, зымæг уымæл. Фурдæй дарддæр кæнгæ арвыхъæды континентдзинад уæлдæр кæны, рæзынц температурæйы сезонон æнкъуыстытæ. Сахар [[Сантьяго]]йы, лæууы [[Дæргъмæ дæлвæз]]ы, тæккæ хъармдæр мæйы æхсайнаг температурæ у 20 °C, тæккæ уазалдæры — 7—8 °C; дæлдзырæттæ дзы æруары гыццыл, 350 мм азмæ (хуссардæр, [[Вальдиви]]йы, дæлдзырæттæ фылдæр сты — 750 мм азмæ). Сæйраг Кордильерæйы ныгуылæйнаг фæхстыл дæлдзырæттæ Дæргъмæ дæлвæзæй фылдæр ис (фæлæ сабырфурдон былгæрæттæй къаддæр).
[[Ныв:TDFNP-SendaCostera.jpg|thumb|left|200px300px|Арты зæххы былгæрæттыл]]
 
Хуссармæ змæлгæйæ ныгуылæйнаг фæхсты субтропикон арвыхъæд лæгъз ахизы ромыл уæрхæды фурдон арвыхъæдмæ: фæфылдæр вæййынц дæлдзырæтты азон суммæтæ, фæкъаддæр вæййынц хицæндзинæдтæ уымæлдзинады сæзонтæм гæсгæ. тыхджын ныгуылæйнаг уадтæ æрбахæссынц былгæрæттæм бирæнымæцон дæлдзырæттæ (2000-3000 мм арæх 6000 мм онг азмæ). Азы 200 бонæй фылдæр цæуынц тыхджын уарынтæ, донбылтыл æрбады бæзджын мигъ, денджызы æдзухдæр карз уад; арвыхъæд цæрынмæ нæ бæззы. Скæсæйнаг фæхстæ (28° æмæ 38° х.у.) хусгонддæр сты ныгуылæйнæгтæй. Тæккæ хъармдæр мæйы æхсæйнаг температурæ ныгуылæйнаг фæхстыл у афтиддæр 10—15 °C, тæккæ уазалдæр 3—7 °C.
Рæнхъ 237:
 
== Зайæгойтæ æмæ мæртæ ==
[[Ныв:Erythroxylum coca.jpg|thumb|left|150px250px|[[Кокæ]]]]
Андты мæрон-зайæгойон æмбæрзæн тынг алыхуызон у. Афтæ уайы уый тыххæй æмæ хæхтæ аллы хуызон сты бæрзæндмæ гæсгæ, стæй дзæвгар хицæндзинæдтæ ис ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнаг фæхсты умæлдзинады. Уæлбæрзонды рондзинад ({{lang-ru|высотная поясность}}) Андты дырысæй æргомгонд у. Рахицæн кæнынц æртæ уæлбæрзонды роны — Тьеррæ Кальенте, Тьеррæ Фриæ æмæ Тьеррæ Эльядæ.
 
[[Карибы Андтæ|Венесуэлæйы Андты]] зайынц сæ сыфтæ кæмæн æрызгъæлынц зымæгон хусрæстæджы, ахæм хъæдтæ æмæ къутæрджынтæ, æрбынат кодтой [[сырхмæр]]тыл. Дымгæйы сæр чи аззайы, уыцы фæхсты дæллаг хæйттæ Цæгат-Ныгуылæны Андтæй Централон Андтæм æмбæрзт сты уымæл экваториалон æмæ тропикон хъæдтæй [[латеритон мæр]]тыл (хæххон [[гилейæ]]), уыимæ ма дзы æмбæлынц хæццæ хъæдтæ æнусцæх æмæ сыфтæрджын бæлæстæй. Æттаг бакастæй экваториалон хъæдтæ ницæмæй хицæн кæнынц сæ хæстæджытæй материчы дæлвæзон хайы; характерон сты аллы хуызон [[пальмæ]]тæ, [[фикус]]тæ, [[банан]]тæ, [[какао]]йы бæлæстæ æмæ а.д. Уæлдæр (2500-3000 м бæрзæндтæм) зайæгойты фæлгонц ивы; арæх сты [[хурхъæз]], [[бæласхуыз цил]], къутæрджын [[кокæ]] (у [[кокаин]]ы равзæрæн), [[хинны бæлас]]. 3000 м æмæ 3800 м астæу — уæлхохон гилейæ, дæлæмæдзыд бæлæстæ æмæ къутæртимæ; парахат сты [[эпифит]] æмæ [[лианæ]], [[бамбук]], бæласхуыз цил, [[æнусцъæх тулдз]], [[миртонтæ]], [[вересконтæ]]. Уæлдæр — фылдæр [[ксерофит]]он зайæгойтæ, [[парамос]]; [[хъуына]]йæ цъыфдзæстытæ тъæпæн хæйттыл æмæ æдзæрæг дурджын тыгъдæдтæ уырдыг фæхстыл. 4500 м уæлдæр - æнусон миты æмæ ихы рон.
 
Хуссардæр, субтропикон чилиаг Андты - æнусцъæх къутæртæ [[морæмæр]]тыл. Дæргъмæ дæлвæзыл мæртæ сæ скондмæ зæрдыл æфтауынц [[саумæр]]тæ. Уæлхохон платоты зайæгойтæ: цæгаты хæххон экватериалон фæзтæ [[парамос]], Перуйы Андты æмæ Пунайы скæсæны - хус уæлхохон-тропикон тыгъдбыдыртæ [[халка]], Пунайы ныгуылæны æмæ нæхъæн сабырфурдон ныгуылæны 5—28° астæу — æдзæрæграны зайæгойты типтæ (æдзæрæгран Атакамайы — суккулентон зайæгхалтæ æмæ [[кактус]]тæ). Бирæ уæлцæрттæ [[цъæхдзаст|цæхджын сты]], уый хъыгдары зайæгойты; ахæм хæйтты æмбæлынц сæйрагдæр [[скъæлдзо]] æмæ [[эфедрæ]]. 3000 м уæлдæр (денцонæй 4500 м) - æрдæгæдзæрон ({{lang-ru|полупустынная}}) зайæгойтæ, хонынц æй [[хус пуна]]; зайынц бындзыд къутæртæ ([[толой]]), [[зайæгхал]]тæ ([[хæмыцы рихи]], [[вейник]]), [[хъуынабын]]тæ, [[кактус]]тæ. Скæсæны 'рдæм Сæйраг Кордильерæй уары фылдæр дæлдзырæттæ, — тыгъдбыдырон зайæгойæ ([[пуна]]) бирæнымæцон зайæгхалтæ ([[типчак]], ковыль, вейник) æмæ базхуыз къутæртæ. Скæсæны Кордильерæйы уымæл фæхстыл тропикон хъæдтæ пальмæтæ, хиннон бæлас) цæуынц 1500 м, 3000 м хæццæ кæнынц дæлæмæдзыд анусцъæх хъæдтæ, уæлиуæгдзинад дзы кæнынц [[хурхъæз]], [[цил]]тæ, [[лианæ]]тæ; стыр бæрзæндтыл -уæлхохон тыгъдбыдыртæ. Андты уæлхохты типикон цæрæг у [[полилепис]] — зайæгой [[уардихуызтæ|уардихуызæтты]] ({{lang-ru|розоцветные}}) мыггагæй, хæлиугонд у Колумбийы[[Колумби]]йы, Боливийы[[Боливи]]йы, Перуйы[[Перу]]йы, Эквадоры[[Эквадор]]ы æмæ Чилийы[[Чили]]йы; ацы бæлæстæ æмбæлынц 4500 м бæрзондыл дæр.
 
[[Чили]]йыЧилийы астæуккаг хайы хъæдтæ дзæвгарæй сæфт æрцыдысты; кæддæр хъæдтæ уæлæмæ цыдысты Сæйраг Кордильерæйыл 2500-3000 м бæрзæндмæ фæлæ ныр хæхты фæхстæ сыгом сты. Ныр хъæдтæ æмбæлынц афтиддæр хицæн къохты хуызæн ([[нæзыбæлас]]ы, [[араукари]]йы, [[эвкалипт]]ы, [[тæрс]]ы æмæ [[платан]]ы, хъæдбыны — [[дрок]] æмæ [[герань]]).
[[Ныв:Araucaria columnaris1.jpg|thumb|150px250px|[[Араукари]]]]
Патагоны Андты фæхстыл 38° х.у. хуссардæр - субарктикон бирæярусон хъæдтæ, бæрзондхъæд бæлæстæй æмæ къутæртæй, фылдæр æнусцъæхтæй, [[тарбур хæххон мæр]]тыл, хъæдты бирæ хъуынатæ, цилтæ æмæ лианæтæ; 42° х.у. хуссардæр - хæццæ хъæдтæ (42° х.у. районы ис араукарион хъæдты массив). Зайынц [[тæрс]] æмæ [[магноли]], бæласхуыз цилтæ, бæрзондхъæд [[хихджын]]тæ, хурхъæз. Патагоны Андты скæсæйнаг фæхстыл - сæйрагдæр тæрсæй хъæдтæ. Тæккæ кæройнагдæр хуссары та — [[тундрæ|тундрон]] зайæгойтæ.