Æхсинæг, бирæон нымæц: æхсинджытæ (лат. Columbidae) у мæргъты бинонад.

Æхсинæг
Æхсинæг
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Мæргътæ
Къорд: Бæлонхуызтæ
Бинонад: Æхсинæг
Латинаг ном
Columbidae
ITIS 177061
NCBI 8930

Ирон мифологи ивын

Æхсинæг — æхсыргъуыз рæсугъд бæлон.

Кадджытæм гæсгæ зæдтæ зæххмæ тахтысты æхсинæджы хуызы, æмæ-иу кæм æрбадтысты, уым-иу сæ рухсæй ныррухс ис. Уыцы миниуæг уыд Донбеттырты æртæ хомæ дæр. Уыдон æхсинæджы хуызы тахтысты Нарты цæхæрадонмæ Нарты фæткъуы давынмæ. Уыцы хуызы Дзерассæйы йæ фатæй Æхсæртæг фæцæф кодта æмæ йæ тугвæдыл ацæугæйæ ныфтыд Донбеттыртæм.

Литературæ ивын

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.