Лопес Перес, Ригоберто

Ригоберто Лопес Перес (исп. Rigoberto López Pérez; 1929-æм азы1956-æм азы 21 сентябры, Леон, Никарагуæ) — никарагуæйаг поэт, композитор æмæ растæг, диктатор Анастасио Сомосайы амарæг.

Ригоберто Лопес Перес
исп. Rigoberto López Pérez
Райгуырды датæ 1929-æм азы 13 майы(1929-05-13)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1956-æм азы 21 сентябры(1956-09-21) (27 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, композитор, фыссæг, журналист
Уацмысты æвзаг испайнаг

Ригоберто йæ хæлæртты къордимæ бадзырдтой диктатор Анастасио Сомоса амарын стæй революци саразын. 21 сентябры кадджын изæры рæстæг Ригобертойы къухы бафтыд диктатормæ бахæстæг уын æмæ йæ дамбацайæ фехсын. Уыцы иу ран æрыгон революционер бирæ цæфтæй фæмард, фæлæ йæ цыппар нæмыджы Сомосайы буармæ бацыдысты.

Сомосайы аластой Панамæйы къанауы госпиталмæ, фæлæ уым дæр не сдзæбæх и æмæ аст боны фæстæ 29 сентябры амард. Никарагуæйы ног президент сси йæ фырт, Луис.

Æддаг æрмæг ивын