Сæрызæд
Сæрызæд, дыгур. Сæризæди къимбус — чындзхасты æнæмæнг хъæугæ миниуæг — чысыл тырыса чындзы хыз сисынæн. Йæ ном дæр амоны «сæрыл аудæг зæд», æмæ дзурæг у йæ миниуæгдæттæг хъомысл: Сæрызæд у чындзы йæ ног бинонтæм ахæссыны æмæ йæ бинонтыл банымайыны нысан. Сæрызæд аразынц урс, хатгай та æрвхуыз цъæх хуымацæй, ацы хуызтæ сты нымад чызгон сыгъдæгдзинады нысаныл. Сæрызæдæн йæ кæрæтты аласынц сырх, уарди хуыз кæнæ æрвхуыз уаццаг. Сæрызæд саразынц чындзы хæдзары æмæ хауы чындзы дзаумæттæм. Сæрызæд фæдарынц зынгæ бынаты, арæхдæр æй дарынц ирон хæдзарæн йæ сылгоймæгты ’рдæджы.