Саламты Хетæджы чызг Мадинæ[2] (райгуырдис 1985-æм азы 30 майы, Дзæуджыхъæу) у норвегиаг фыссæг, журналист æмæ блогер. Чиныгкæсджытæ йæ хуыздæр зонынц йæ литературон фæсномыгæй — Мария Амели. У норвегиагау фыст чиныг «Ulovlig norsk»-ы («Æнæзакъон норвегиаг») автор. Ацы уацмыс арæзт у йæ боныгты бындурыл æмæ дзы ныхас цæуы, Норвегимæ æнæзакъонæй чи æрлыгъдис, ахæм адæймæгты царды тыххæй. Цæры Ослойы.

Саламты Мадинæ
Гуырæн ном Саламты Мадинæ
Райгуырды датæ 1985-æм азы 30 майы(1985-05-30)[1] (39 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон, уырыссаг æмæ норвегиаг
mariaamelie.com
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст, сфæлдыстад

ивын

Мадинæ райгуырдис Дзæуджыхъæуы, ахуыр кодта 5-æм гимназы. Йæ фыд уыдис æнтыстджын бизнесмен. Мадинæйыл 14 азы куы цыдис, уæд бинонтæ сфæнд кодтой алидзын Норвегимæ. 2000-æм азы бинонтæ алыгъдысты Финляндимæ, уырдыгæй та, 2002-æм азы — Норвегимæ.

Лигъдæтты статус раттыны фæдыл Саламтæ цы курдиат ныффыстой, уым загъдæуыд, Кавказы цæргæйæ барцух æмæ цъистытæ кæй æййæфтой æмæ уым сæ цардæн тас кæй у, уый. Фæлæ сæ курдиатыл не сразы сты паддзахады æмбæлон службæтæ, æмæ уый фыдæй бинонтæ Норвегийы цардысты æнæзакъонæй. Цалынмæ сæ курдиатмæ каст цыдис, уæдмæ Мадинæ бацыдис скъоламæ, уый фæстæ ахуыр кодта Норвегийы æрдзон æмæ техникон зонæдты университеты (Тронхейм). Ис ын бакалавры къæпхæн антропологийы къабазы.

Æрцахст, тæрхон

ивын

2011-æм азы январы Норвегийы миграцион оргæнты кусджытæ йыл æрхæцыдысты, бæстæйы æнæзакъонæй кæй цардис, уый охыл.

Æрвитæнтæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын