Сальдо
Сальдо (итал. saldo - бахыгъд, баззайæггаг, уæлдай) — сæрмагонд ист æмгъуыды æрбафтгæ æмæ бахардзы уæлдайаг.
Сальдо бухгалтерон хыгъды — бугалтерон нымады баззайæггаг, дебет æмæ кредиты бафыстыты уæлдай.
- Дебетон сальдо (дебет кредитæй стырдæр) æвдисы рард хæдзарадон хуызты уаг сæрмагонд датæмæ æмæ фæзыны балансы активы.
- Кредитон сальдо (кредит дебетæй стырдæр) æвдисы хæдзарадон хуызты гуырæнты уаг æмæ фæзыны балансы пассивы.
Хыгъды уæлдай куынæ баззайы (сальдо нульбæрц куы уа), уæд ахæм хыгъд хуындæуы æхкæд.