Сан-Хуан (цæугæдон)
Сан-Хуан (исп. Río San Juan) у наудзæуæн цæугæдон Никарагуæйы хуссары, у Никарагуæ æмæ Костæ-Рикæйы ’хсæн паддзахадон арæны хай. Цæугæдон Никарагуæйы цадæй ракæлы æмæ Атлантикон фурды Карибы денджызмæ æфты. Цæугæдоны дæргъ у 192 км.
Сан-Хуан | |
---|---|
исп. Río San Juan | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 192 км |
Бассейны фæзуат | 35 000 км² |
Доны хардз | 338 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Никарагуæ |
Донæфтæн | Карибы денджыз |
Ран | |
Паддзахæдтæ | Никарагуæ, Костæ-Рикæ |
XIX æнусы, Калифорнийы сыгъзæрин тæфсæг куы уыди, Сан-Хуаныл мингай адæм цыдысты АИШ-ы скæсæйнаг былгæронæй ныгуылæнмæ. Ацы наудзæуæн маршруты саразæг уыдис Корнеллиус Вандербильт, Америкæйы хъæздыгдæр траспортон «къаролтæй» иу, «Accessory Transit Company»-йы хицау.