Себеос
Себеос (сом. Սեբեոս; VII æнусы райдайæны— 661-æм азы фæстæ[1]) — сомихаг историк VII æнусы[2], «Император Ираклы историйы» автор, кæцы нывонгдонд уыдис византийаг император Иракли I паддзахаддзинады дугæн (610—641). Уыдис фыццаг автор, кæцы сарæзта рагон пысылмон экспансийы афыст.
Себеос | |
---|---|
Սեբեոս | |
Райгуырды датæ | VI æнус |
Мæлæты датæ | VII æнус |
Зонады къабаз | сауджын, историк |
«Император Ираклы истори»
ивынСебеосы истори конд у Сасанидты паддзахады Сомихы биноныг афыстæй, араббæгтæ йæ куы бацахстой 661-æм азы, уыцы заманы онг. Чиныджы ис византийы-сасанидты хæстытæ, уыцы тохты рæстæджы Сомихы фылдæр хатт рацыд Византиймæ. Себеос биноныгæй фыссы дæргъвæтин хæсты тыххæй, кæцы сцырен кодта Византийы сасанидон шахиншах Хосров II Парвиз (590—628), Маврикийы (582—602) куы амардтой, уый фæстæ. Персæйæгтæ уæд бахæццæ сты Константинополмæ, фæлæ император Иракли I-ы (610—641) византийаг æфсад сæ ныхмæ рацыдис æмæ бацахста Сасанидты сæйраг сахар — Ктесифон. Уый фæстæ дыууæ паддзахад дæр сæ къухтæ 'рфыстой фидыд бадзырды.
Фæстаг сæргондты Себеос фыссы араббæгтæ историон фæзмæ куыд рахызтысты, уый тыххæй, куыд бацахстой Халифаты паддзахад, Иран, Месопотами, Палестинæ, Сири, Сомих.
Фыццаг хатт Себеосы чиныг мыхуыры рацыд 1851-æм азы Константинополы.
Фиппаинæгтæ
ивынПубликацитæ
ивын- Алчер Себеос. Император Ираклы истоори. Никифор Вриенний. Историон фыстытæ (976-1087) / Рауагъд бацæттæ кодта А. И. Цепков. — Рязань: Александрия, 2006. — 400 ф. — (Византийы историон библиотекæ). — ISBN 5-94460-027-6.
Литературæ
ивын- Armenian History Attributed to Sebeos / Translation and notes by R. W. Thomson, historical commentary by James Howard-Johnson, with assistance from Tim Greenwood. — Liverpool University Press, 1999.
Æрвитæнтæ
ивын- Себеос .
- Себеос, «История императора Иракла», писателя VII века. Перевод с древнеармянского К. Патканьяна, СПб, 1862.