Валери Симеонов Симеонов у болгайраг амалиуæгдар æмæ политик, телеканал СКАТ-ы мажоритарон мулкдар. «Иугонд патриотты» коалицийы æмсæрдар. Бойко Борисовы хицауады мидæг уыд экомикон æмæ демографион политикæйы фæдыл вице-премьер (2017-18).

Валери Симеонов
болг. Валери Симеонов Симеонов
Райгуырды датæ 1955-æм азы 14 мартъийы(1955-03-14)[1] (69 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад
Куысты мыггаг политик
Ахуырад
Дин растуырнæг дин
Парти
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Райгуырдис Варнæйы цур чысылдæр сахары, ахуыр кодта Ямболы математикон гимназы, райста дзы майдан.

Йæ гимназы бонтæй зонгæ Волен Сидеровимæ сæвæрдта политикон парти «Атакæ»-йы бындур æмæ йæ уæнг уыд 2009 азы онг.

2011-æм азы майы дыууæ иннæ политикимæ сарæзта политикон парти «Болгари фервæзыны тыххæй националон фронт» (болг. Национален фронт за спасение на България, НФСБ).

2017-æм азы Симеонов йæхи ссардта мыхуыры фæрстыл, йæхи налатæй куы дардта Турчы арæныл æмæ дзы сылгоймагмæ куы фæлæбурдта, уый фæстæ.[2][3][4] 2018-æм октябры та йæхи æнæуынон скодта адæмы цæсты, хицауады агъуысты раз цы мадæлтæ протест кодтой, уыдоны тыххæй æнахуыр цыдæр куы загъта, уæд[5][6]. Йæ бынатæй йе ’мгъуыды агъоммæ йæ сисынмæ уыдысты партитæ БСП[7], «Воля»[8] æмæ «Атакæ»[9][10][11] æмæ йæ сисын кодтой.

Схъомыл кодта дыууæ сывæллоны.

Фиппаинæгтæ

ивын