Сих Лютфаллайы мæзджыт
Сих Лютфаллайы Мæзджыт (перс. مسجد شیخ لطفالله — masjed-e sheykh lotf-ollah) — дынджыр мæзджыт сахар Исфаханы артдзæсты, Имамы æхсæнвæзы скæсæнырдыгæй. Амаддзаг у Сефевидты дуджы персайнаг архитектурæйы зынгæдæр æвдисæйнæгтæй иу. Мæзджыт арæзт цыди 17 азы дæргъы (1602–1619 азты) Аббас Фыццаджы барамындмæ гæсгæ. Архитектор — Мохаммад Реза Исфахани.