Сом
Сом (уырыс. рубль) у Уæрæсейы Федераци, Белорусси æмæ Приднестровьейы валютæты æнæофициалон ном ирон æвзаджы. Уымæй фылдæр Уæрæсейы сом у Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны сæйраг валютæ.
Ныхасæн сом ис тюркаг равзæрд. Уырыссаг сомы йеддæмæ ахæм ном ис æстæуккаг Азийы бæстæты валютæтæм: Хъиргъизы æмæ Узбекистаны. 2000-æм азæй фæстæмæ Таджикистаны валютæ дæр хуыйны сомони, фæлæ ацы ном тюркаг сомимæ хæццæ нæу — схуыдтой йæ таджикаг нацийы фыды номыл, Исмаил Саманийы.
Советон рæстæджы сом уыдис советон рублы официалон ном таджикаг, туркменаг, хъиргъизаг æмæ узбекаг æвзагты, æмæ уый йеддæмæ уымæй пайда кодтой тæтæйраг, башкираг æмæ Цæгат Кавказы æвзагты дæр, ирон æвзаг сæ нымады.
Нырыккон валютæты тыххæй кæс:
Историон валютæты тыххæй та: