Сохиты Таймуразы фырт Тугъан (райгуырдис 1977-æм азы 21 октябры, Дзæуджыхъæуы) у Уæрæсейы дирижёр, Цæгат Ирыстоны адæмон артист.

Сохиты Тугъан
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 1977-æм азы 21 октябры(1977-10-21)[1] (47 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Професситæ дирижёр, музыкалон менеджер
Инструменттæ фортепиано[d]
Жанртæ классикон музыкæ[d]
Хорзæхтæ
медаль ордена «За заслуги перед Отечеством» I степени кавалер ордена «За заслуги» (Франция)
tugansokhiev.com(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

1996-æм азы Тугъан каст фæцис Дзæуджыхъæуы музыкалон училище (ныртæккæ хæссы Гергиты Валерийы ном), 2001-æм азы та — Бетъырбухы паддзахадон консерваторийы оперон æмæ симфонион дирижёриуæджы (уырыс. дирижирование) факультет (профессортæ Илья Мусин æмæ Юрий Темиркановы кълас).

1999-æм азы Сохийы-фырты (Александр Сладковскийимæ иумæ) схорзæхджын кодтой Прокофьевы номыл III-æм Дирижёрты æхсæнадæмон конкурсы II-аг премийæ (I-аг преми никæмæн саккаг кодтой).

1999–2000-æм азты Илья Мусины мысынæн цы концерттæ арæзт æрцыдис, уым Тугъан дирижёриуæг кодта Мариинский театры æмæ Бетъырбухы консерваторийы оркестртæн.

2000-æм азæй Сохийы-фырт æмгуыст кæны Мариинский театры Æрыгон оперон зарæггæнджыты академиимæ.

2001-æм азы декабры Тугъан фыццаг хатт архайдта, «По страницам опер Россини», зæгъгæ, Мариинский театры уыцы концертон программæйы. Дирижёр ма уыдис Россинийы оперæ «Путешествие в Реймс»-ы æвæрджытæй иу. Уæдæй фæстæмæ Сохийы-фырт дирижёриуæг кодта театры бирæ оперон спектакльты.

Сохийы-фырт ма æндæр æмæ æндæр азты куыста ахæм оркестртимæ: Метрополитен-опера, Исландийы оперæ, Уэльсы национ оперæ (2003–2005-æм азты уыдис йæ сæргъы), Баварийы паддзахадон оперæ, BBC-йы музыкалон коллективтæ, Къаролы филармонион оркестр (Стокгольм), Портойы национ оркестр, Радио Франц-ы филармонион оркестр, Ослойы филармонион оркестр, Францы национ оркестр æмæ æнд.

Ныртæккæ Сохиты Тугъан у Тулузæйы Капитолийы национ оркестры аивадон разамонæг.

2010-æм азы сентябры Германы стырдæр газет «Бильд» фехъусын кодта, Сохиты Тугъан Германы симфонион оркестры сæйраг дирижёр кæй суыдзæн, уый[3].

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын