Социалон амалхъомад Уæрæсейы

2015 азмæ социалон амалхъомад Уæрæсейы, иннæ раздзог бæстæтимæ абаргæйæ, ацы облæсты ис гуырдзон уавæры куыд теоретикон, афтæ практикон пъланы дæр.

Паддзахадон æххуыс социалон амалхъомадæн классикон — уæрæх æмбарынады Уæрæсейы нæй нæдæр закъондæттæг, нæдæр æххæстгæнæг æгъдауы мидæг.

Уæрæсейы социалон амалхъомады уидæгтæ цæуынц арф историйы, нырыккон уæрæсейаг историйы ис цалдæр зынгæ проекты, фæлæ сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр æнтыстытæй, архайды масштабæй æмæ фæлтæрд парахат кæнынæй раппæлæн нæй.

Фæлæ уæддæр Уæрæсейы ис цалдæр тыхджын системон хайадисæджы, кæцытæ тынгад кæнынц инфраструтурæ, парахат кæнынц теоретикон бындур, дæрдтыл зилынц закъæттыл, æхцайæ æввонг кæнынц æмæ цырын кæнынц социалон амалхъомады идейæтæ.

Ацы хайадисджыты фæрцы социалон амалхъомады идейæтæ хæццæ кæнынц закъондæттæг æмæ æххæстгæнæнг тыхбармæ, бизнес æхсæнадмæ, æхсæнадмæ иумæйагæй æмæ потенциалон социалон амалхъомадгæнджытæм, ацы облæст сабыргай аразгæйæ.

Теоретикон бындур

ивын

Эксперттæ æмæ зонадон æхсæнад Уæрæсейы социалон амалхъомады архайдмæ иу цæстæй нæ кæсынц[1].

Иутæ дзурынц, зæгъгæ, фæсарæнты фæлтæрдæй Уæрæсейы нырма бирæ «фæлхатон» проекттæ нæ ацæудзысты царды, зæгъæм, цæрæнуаты сферæ æмæ æнæбæлвырд цæрыны бынаты адæмæн куыстарæндзинад, экологии сферæйы проекттæ дæр чысыл сты[1].

Иннæтæ дызæрдыг кæнынц социалон амалхъомады традицион «классикон» проекты актуалондзинадыл. Афтæмæй Паддзахадон Думæйы спикеры æххуысгæнæг Виталий Калинин зæгъы[1]:

  Банк Grameen Бангладешы – о. Уæрæсейы социалон амалхъомады нæй проекттæ микрофинансгæнæн сферæйы  

Уымæй карздæр аргъ скодта Николай Николаев проект «Опора России»-йæн, кæцы 2006-æм азы райста Нобелы сабырдзинады преми, Уæрæсейы реалитæм амонгæйæ[1]:

  Grameen социалон куыстуатыл нæ нымайын. Уый ссардта йæ къуск, цæмæй уæй кæна продукт æмæ æхца уæй кæныны механизм бангладешаг фæллойгæнджытæн. Уымæй мæгуырдзинад нæ фæкъаддæр ис. Банк цы ратта, фæстæмæ уымæй фылдæр исы. Æхцатæ æрмæст амалхъомады архайдæн нæ дæттынц. Хуымæтæг къусчы продукт. Ис æй социалон инжинирингмæ бахæссыны гæнæн.  

Уæддæр микрофинансгæнынад ары йæхицæн æххуыс, зæгъæм, регионты минæвæрттæй. Уымæй уæлдай ма, специалисттæ фиппайынц уæрæсейаг «социалон амалхъомадгæнджытæ» сæхи стæм хатт хонынц сæхи уыцы дзырдбастæй[1]. Уæрæсейы бирæтæ дарддæр нымайынц социалон бизнес хæрзгæнæгдзинадыл.

Æмткæй зæгъгæйæ, 2015-æм азмæ Уæрæсейы социалон амалхъомад нæма нæу, куыд æмбæлы, ахæм формæйыл арæзт æмæ фаг парахатгонд дæр не ’рцыд[1]. Ацы сферæйы теоретикон куыстытæ сты фæсарæнты фæлтæрды къопи, практикæйы ты уæрæсейаг æхцайы чыссæтæ нæма сбæлвырд кодтой сæ цардхъомад æмæ масштабтæ, кæцытæ сбæззыдаиккой зонадæн иумæйаггондæн æмæ практикæйы сфæлхат кæнынæн.

Барадон регуляци

ивын

2015 азмæ УФ Закъондæттынады нæй хицæн æмбарадон хай социалон амалхъомады тыххæй[1], нæй дзы фаг закъондæттæн быдур, кæцы бараст кодтаид социалон амалхъомады фарстатæ, фæхуымæтæгдæр кодтаид арæзтад æмæ фæкъаддæр кодтаид налогты æгъдау социалон амалхъомадгæнджытæн.

Фыццаг æмæ иунæг социалон амалхъомады закъондæттæн бæрæггæнæн, кæцы и 2015-æм азы райдианмæ, ис Уæрæсейы эконимикæйы райрæзты министрады приказы (социалон амалхъомады тыххæй бæрцты автортæн сæ иу у эконимикæйы райрæзты Министрады Департаменты директор Наталья Ларионова 2013 азы 24 апрелæй №220 (раздæр - №223)

  УФ субъекты конкурсон æвзæрст аразыны тыххæй, кæцыты бюджеттæн 2013-æм азы дæттынц субсидитæ федералон бюджетæй паддзахадон æххуысæн чысыл æмæ астæуккаг амалхъомадæн УФ субъекттæй», кæцыйæ ис спайда кæнæн æрмæст амонгæ Министрады хаххæй æххуыс исджытæн[2][3]:  

5.20.1 <…Социалон амалхъомад> у чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады субъектты социалон бæрнон архайд, кæцыйæн йе `ргом арæзт у социалон проблемæты райхæлдмæ, уыдон нымæцы ахæм фадæттæ дæттын:

а) инвалидты, мадæлты, кæцытæн ис 3-аздзыд сабитæ, сабидæтты рауагъддзауты, дыууæазон уæгъд ахæстонты æмæ удгоймæгты, кæдон развæд кæнынц рæстæджы нысанæн конкурсы æвзæрсты арæзтыл, куыстæй сифтонг кæнын, бадзырдимæ, цæмæй уыцы категориты граждæнты астæуккаг нымæц сæ кусджыты хсæн 50% къаддæр ма уа, мызды фонды хай та – 25% къаддæр;

б) дæттын хæрзиуæг (базайрæгты кондад) ахæм арæзтады сферæты: - куыстарæны æмæ дæсныйады здахыны æххуыс, хиæнæвдæлондзинады мидæг æххуыс бафтаугæ;

— социалон, æнæниздзинадон, физикон культурæйы æмæ масон спорты лæггæдтæ кæнын, сабион æмæ фæсивæдон кружокты, секциты, студиты куыст аразын;

— алыхуызон бæллæхтæй зиан баййафаг адæмæн æххуыс фæуын;

— медицинон, протезно-ортопедикон кондад æмæ (кæнæ) арæзынад, автомототранспорт æмæ ахæм æрмæджытæ бафтаугæйæ, кæцытæй ис спайдагæнæн æрмæст инвалидты профилактикæйы кæнæ реалибитацийы;

— культурон-рухсадоны архайдмæ фадат дæттын (театртæ, скъола-студитæ, музыкалон уагдæттæ, сфæлдыстадон æрмæдзтæ);

— ахуыры фадат кæмæн нæй, уыдонæн ахуырады лæггæдтæ дæттын;

— социалон разæнгардон архайдмæ бафтауыны æххуыс дæттын æнæхъахъхъæд граждæнты къордтæн (инвалидтæн, сидзæртæн, сабидонтæй рауагъддзаутæн, зæрæдтæн, нозтæй æмæ норкоманийæ рынчын адæмæн);

— граждæнты тæссаг формæты уагахасты профилактикæ;

— мыхуыры периодикон æрмæджыты рауагъд æмæ ма ахуырад, зонад æмæ культурæимæ баст чингуыты продукции.

Ахæм тæрхон бакæсгæйæ, эксперттæ фиппайынц терминологийы æнæххæстдзинад æмæ закъондæттæн æххуысы нæуæвæн социалон амалхъомадæн йæ классикон æмбрынады[1].

Цæмæй хъалонæвæрды льготæтæ райсай, уæрæсейаг амалхъомадгæнджытæ арæхдæр пайда кæнынц алыхуызон формæтæй нæкоммерцион организацитæй (НКО), коммерционтæ та иууылдæр свæййынц чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады субъекттæ (МСП), иумæйаг бындурыл архайгæйæ[1].

2013-æм азы сентябры социалон политикæйы Федерацийы Советы Комитет бацæттæ кодта барастгæнинæгтæ законопроект «Цæрæгадæн социалон лæггæдтæ кæныны бындурты тыххæй» дыккаг æркастмæ, федералон закъондæттынадмæ терминтæ бахæсгæйæ: «социалон амалхъомадгæнæг» æмæ «социалон амалхъомад», фæлæ цæ уæддæр нæ айстой[3].

2014-æм азы 16 октябры та ногæй афæлвæртой: Федералон Æмбырды Уæллаг æмæ Быннаг палатæты парламентариты къордæй Паддзаходон Думæмæ бахастæуыд закъоны проект социалон амалхъомады тыххæй æмæ йæ æххуысы формæты тыххæй, фæлæ йæ нырма нæ айстой[4][3].

Паддзахадон æмæ регионалон æххуыс

ивын

Кæд Уæрæсейы ис федералон æмæ регионалон æххуысы фæлварæнтæ социалон амалхъомадæн, уæддæр сын, æмткæй исгæйæ, æхцайæ фаг æввонг нæ кæнынц, стæй æрмæст къаннæг областы, йæ бирæхуызон фæзындтыл не `ххæсы; ацы архайды æнтыстдзинад дæр афтæ лæууы гом фарстайæ.

Социалон амалхъомадгæнджыты системон æххуысдзинад фæндмæ гæсгæ цæуы регионалон хицауады уылты, социалон сферæйы инновациты Центрты ( арæзт сты Уæрæсейы эконимикæйы райрæзты Министрады Приказмæ гæсгæ №220 24.04.2013 азæй æмæ æхцайæ æввног кæны федералон бюджеты[5] субсидиты хардзæй) æмæ субсидиты Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Постановленийæ 23.08.2011 азæй №713 «Социалон здæхт нæкоммерцион организацитæн æххуысы фадат дæттыны тыххæй»[1].

Зæгъæм, 2011-2013-æм азтæм Уæрæсейы эконимикæйы райрæзты Министрад социалон здæхт НКО-ты æххуысы мадзæлттæн бюджеты фæрæзтæй иумæйагæй рахицæн кодта 880 милуан сомы, уыдонæй 600 милуан — регионалон бюджеттæн сибсидитæн, 132 милуаны — æргом субсидитæн социалон здæхт НКО-тæн, 100 милуаны — социалон здæхт НКО-ты кусджыты ахуырæн[1].

2014-æм азмæ августы мæймæ Стратегион хъæппæристы агентады æмæ Уæрæсейы эконимикæйы райрæзты Министрады æххуысæй райдыдтой кусын 12 инновациты центры социалон сферæйы, фæлæ сæ куысты æнтыстдзинæдтæ, куыд æмбæлди, афтæ нæ айхъусын кодтой ахæм специализацийы рауагъдæдтæ[6].

2015 азы бюджеты æвæрд ис 160 милуан сомы социалон лæггæдты сферæмæ хицæн инвесторты æрбафтауыны проекттæ субсиди кæнынæн. Афтæмæй кæцыдæр горæтон проекттæ эксперттæ фæнысан кодтой куыд æнтыстджынтæ.

Ярославлы облæсты сарæзти Ярославлы регионалон æхсæнадон организаци «Социалон æмбæлады центр» (http://www.csp-yar.ru Архивгонд æрцыдис 1 ноябры 2018 азы.). Центры хæслæвæрдтæй сæ иу у — регионы НКО-ты архайдæн рæувадат уавæртæ аразын, хæрзвадат нормативон базæ саразгæйæ, хицауады æмæ æхсæнады ныхасы фæзуаты куыст сцырын кæнын, НКО-тæн хицæн ДзИФ саразын, æмæ ма ноджы æвæрцон æххуыс Ярославлы облæсты НКО-тæн[1].

Череповецы сахары хицауадæй Северсталь-имæ иумæ сарæзтæуыд НП «Сахар райтынгады агентад» (agr-city.ru), кæцыйæн йæ архайды здæхтыттæй сæ иу ссисоциалон амалхъомадгæнджытæн æххуысдзинад: финансон, мулкъон, информацион-консультацион æмæ бизнес-ахуырад. Майы 2012-æм азы Агентад баиу кодта бадзырд Фонд «Нæ фидæн»-имæ, кæцыйæ Череповец сси Фонды регионалон æмбал Волгограды облæсты[1].

Практикæ

ивын

Афæлгæст

ивын

Уæрæсейы социалон амалхъомадæн кæд ис истрион уидæгтæ[7], уæддæр 2015 азмæ бынтæ нæ ауагътой, йæ æгъдаумæ гæсгæ та цы амалхъомадгæнджытæ архайын, уыдон сты тынг цъус. Уый æвдыст цæуы фылдæр дзыллон æнкъуыстæ нæ, фæлæ хицæн фæндтæй[1].

Стратегион хъæппæристы агентады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2014-æм азмæ Уæрæсейы социалон амалхъомады куыст кæны æрмæст 1% æввахс компанитæ[8], абарстæн Европæйы уыцы бæрæггæнæн æввахс кæны 25%[1].

Инфраструктурон проекттæ

ивын

Сæйраг роль социалон амалхъомады аразæн, парахат æмæ æххуысдзинады хъазы Вагит Алекперовы Фонд «Нæ фидæн»[1]. Фылдæр æххуыс кæны æхайы фæрæзтæй (æфстаутæ, гранттæ æмæ капиталы мидæг архайддзинад) æмæ консультацитæ дæттынæй (æргом консультацитæ, ахуырад, фæлтæрд баивдæн ахъазкæнынад, æндæр организицитимæ æмбæлгæ ахаст аразынад, социалон амалхъмадгæнджыты æмæ кондадты æмбæлад арæзтад)[1]. Фонд дæтты æнæпроцентон æфстаутæ архайгæ бизнесæн 10 милуанæй дарддæр авд азмæ, 500 мины йæнгты райдайаг амалхъомадгæнджытæн[1]. Æрвылаз Фонд фæдæтты премии «Хæрзгæнæны импульс» социалон амалхъомады райрæзт æмæ размæцыды бавæрды тыххæй, ноджы фæаразы проектты конкурс «Социалон амалхъомадгæнæг». Фонд сарæзта æмæ ныр дæр хæцы дыууæ тематикон порталы: «Ног бизнес: социалон амалхъомад» (nb-forum.ru Архивгонд æрцыдис 15 майы 2015 азы.), кæцы хъусын кæны Уæрæсейы æмæ дунейы социалон кондадты æмæ амлхъомадгæнджыты æнтыстдзинæдтæ, æмæ «Социалон хъуыдыты банк» bank.nb-forum.ru(æнæбаххæсгæ æрвитæн)), кæцы йæ мидæг дары социалон кодадты идейæты информации, бантыстджын кæнæ æнтыстмæ цæттæ. Алекперовы Фонд у социалон амалхъомады темæйы иртасæн сæйраг фæндхæссæг, зонадон æмæ æхсæнадон дискуситы æмæ закъæттæй дæрдтыл зилæнты организатор.

Æхсæнрегионалон æхсæнадон организаци «Фæсивæды æнтыстдзинæдтæ» (англ. Junior Achievement Russia), æххæст кæны цалдæр специализированон программæтæ амалхъомадгæнджыты ахуырадæй, уыдон нымæцы программæ «Социалон амалхъомад» дæр, кæцы у нысан 15–18 аздзыд фæсивæдæн (sep.ja-russia.ru Архивгонд æрцыдис 22 октябры 2016 азы.), æмæ мастер-класстæ социалон амалхъомадгæнджытæн[1].

Хæрзгæнæн фонды «Ивддзинæдты размæ» (англ. Reach for Change, reachforchange.org/russia Архивгонд æрцыдис 8 майы 2015 азы.) конкурсон бындурыл æххуыс кæны проекттæн, кæцытæ здæхт сабиты æмæ æнахъомты цард фæхуыздæр кæнынмæ. Конкурсы хайад райсын йæ бон у кæйфæндыдæр, сæ проекттæ уынаффæтæм гæсгæ арæзт кæмæн сты: социалон уæлархайд, масштабируемость, финасон фидардзинад, дæргърæстæгмæ размæцыды фадат[1]. Фæуæлахиз проекттæн дæттынц финансон æххуыс, проекты инициаторæн мызд раттæн æмæ консультацитæ æмæ Фонды партнертæй ахуырад бафтаугæ[1].

Дунейы сæйраг социалон амалхъмадгæнджытæн æххуысы Фонд «Ашока» (АИШ) Уæрæсейы зонгæ нæу, фæлæ уæрæсейаг социалон амалхъомадгæнджытæн сæ бон у сæ официалон сайты (ashoka.org) фæрцы семæ баиу уын[1]. Фонд дæтты финансон æххуыс, аразы тренингтæ, размæ кæны проекттæ æмæ цырын кæны информацион баивд[1].

Олег Дерипаскайы компани Русал байгом кодта Красноярсчы Уæрæсейы фыццаг Социалон сферæйы инновациты центр. Центрæн йæ архайды здæхт у æрбафтауын ахæм адæмы, кæцытæ фæхæст сты амалхъомадыл, ноджы ма чысыл æмæ астуккаг бизнес æмæ социалон здæхт НКО-ты размонджыты, цæмæй баххуыс уой регионты социалон проблемæты райхалын кæнын социалон бизнес-проектты руаджы[8]. 2010 азы айхъусын кодта программæ «РУСАЛы территории», кæцыйы фæрцы æнтыст æрцыдысты 50 проекты 150 милуан сомы инвестициты бæрцимæ[8].

Социалон амалхъомады æхуысдзинад декларации кæны микрофинансон организациты уылты. 2002-æм азæй Уæрæсейы кусы Уæрæсейы микрофинансон центр (УМЦ), кæцы Сфæлдыстадон лабораториимæ «Грамин», Yunus Centre æмæ Yunus Social Business иумæ аразы прокттæ[8].

Социалон амалхъомадмæ йе ’ргом здахы классикон банкон сферæ, иртасæнтæ æмæ ацы сферæйы социалон программæтæ аразгæйæ[1].

Афтæ Банк «Уралсиб» 2015-æм азмæ дæтта йæхи кредитон продукт æмæ иста хайад иумæйаг проекты ОПОРЫ России æмæ Фонд «Нæ фидæн»-ы[9][1]. Ацы проектты кредитгæнæн ставкæтæ рæввахс кодтой ЦБ УФ рефинансгæнæн ставкæтæм[9][1]. Уыимæ ма финансисттæ цæттæ уыдысты баххæстаг раттын юридикон æмæ бухгалтерон консультацитæ, хайад тренингты æмæ æххуыс фæлтæрд амалхъомадгæнджытæй[1].

Иуæй-иу банкты, зæгъæм, ГАÆ «МСП Банк» (Внешэкономбанк) социалон продуктæ социалон амалхъомадгæнджытæн 2015 азмæ нæ уыд, фæлæ уыди райсын кредит ныллæг ставкæйæ социалон амалхъомады проекттæн[1].

Социалон амалхъомады проекттæ

ивын

Историон проекттæ

ивын

Уæрæсейаг социалон амалхъомады историон дæнцæгтæй сæ иу нымад кæны XIX æнусы кæрон цы куысты хæдзар рацарæзт куыстуарзты хæдзармæ æмæ сæрмагондæй Куыстуарзты хæдзар Кронштадты, уый[10].

Æрыгон проекттæ

ивын

Æрыгон социалон амалхъмады облæсты зынгæ ногдзаутæн сæ иу сси 2005-æм азы проект «Царды Цæппæр», кæцы дæтта фыццаг медицинон сигнализацийы системæ Уæрæсейы — экстренон æххуысы сидт инвалидтæн æмæ зæрæдтæн[11][12][2]. Цалдæр хицауы ивд баййафгæ æмæ паддзахадон заказты æххуысæй 2017 азæй раздæр нæ кæны æфтиаг исыны фæнд[13].

Æрвитæнтæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,00 1,01 1,02 1,03 1,04 1,05 1,06 1,07 1,08 1,09 1,10 1,11 1,12 1,13 1,14 1,15 1,16 1,17 1,18 1,19 1,20 1,21 1,22 1,23 1,24 1,25 1,26 1,27 Социальное предпринимательство в России. МСП Банк (2013). Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы.
  2. 2,0 2,1 Приказ Министерства экономического развития РФ от 24 апреля 2013 г. N 220 "Об организации проведения конкурсного отбора субъектов Российской Федерации, бюджетам которых в 2013 году предоставляются субсидии из федерального бюджета на государственную поддержку малого и среднего предпринимательства субъектами Российской Федерации". Министерство экономического развития РФ (14 мая 2013). Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы.
  3. 3,0 3,1 3,2 Дарья Лебедева. Бизнес и закон(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Частный кореспондент (15 декабря 2014). Датæ: 2015-æм азы 26 апрелы. Архив 2015-æм азы 28 апрелы.
  4. О внесении изменений в Федеральный закон "О развитии малого и среднего предпринимательства в Российской Федерации"(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (16 октября 2014). Датæ: 2015-æм азы 26 апрелы. Архив 2018-æм азы 24 октябры.
  5. Приказ Минэкономразвития России № 220 от 24.04.2013 г. «Об организации проведения конкурсного отбора субъектов Российской Федерации, бюджетам которых в 2013 году предоставляются субсидии из федерального бюджета на государственную поддержку малого и среднего предпринимательства субъектами Российской Федерации»(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Минэкономразвития России (24 апреля 2013). Датæ: 2015-æм азы 2 майы. Архив 2015-æм азы 18 июлы.
  6. Николай Николаев. Тернистый путь. Российская газета (19 августа 2014). Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы.
  7. Социальное предпринимательство в России и в мире: практика и исследование / отв.ред. А. А. Московская; Нац. исслед. ун-т «Высшая школа экономики». — М.: Издательский дом Высшей школы экономики, 2011. — 284, [4] с. — 600 экз. — ISBN 978-5-7598-0883-1.
  8. 8,0 8,1 8,2 8,3 Социальное предпринимательство: всё только начинается(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Бизнес России. Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы. Архив 2015-æм азы 27 апрелы.
  9. 9,0 9,1 Программа поддержки социального предпринимательства(æнæбаххæсгæ æрвитæн). ОПОРА-Созидание. Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  10. Я.С.Гришина. СОЦИАЛЬНОЕ ПРЕДПРИНИМАТЕЛЬСТВО КАК ИННОВАЦИОННО-ПРАВОВАЯ ОСНОВА ОБЕСПЕЧЕНИЯ ИМУЩЕСТВЕННЫХ ПОТРЕБНОСТЕЙ // ВЕСТНИК НИЖЕГОРОДСКОГО УНИВЕРСИТЕТА ИМ. Н.И. ЛОБАЧЕВСКОГО. — № № 3-2 / 2013.
  11. «ФРИИ вложил 45 миллионов рублей в проект "Кнопка жизни"». Lenta.ru (6 июны 2014). Датæ: 2014-æм азы 28 октябры.
  12. Кнопка жизни Подробнее: http://i.rbc.ru/organization/item/knopka_zhizni(æнæбаххæсгæ æрвитæн). РБК. Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы. Архив 2014-æм азы 8 июны.
  13. Владислав Мещеряков. Фонд, созданный по инициативе Путина, вложил 45 млн руб. в стартап «АйТи». CNews (6 июня 2014). Датæ: 2015-æм азы 25 апрелы.